Мытищи
Мыти́щи (уырыс. Мытищи) у сахар Уæрæсейы Мæскуыйы облæсты, Мытищийы сахары зылды административон центр.
Сахар | |||||
Мытищи | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Мытищи | |||||
|
|||||
55°55′ с. ш. 37°44′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Мæскуыйы облæст | ||||
Сахары зылд | Мытищи | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1460 | ||||
Сахар кæдæй | 1925 | ||||
Фæзуат | 151,1 км² | ||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↗255 429[1] адæймаджы (2021) | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 495 | ||||
Посты индекстæ | 141000—141021 | ||||
mytyshi.ru | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Иумæйаг зонæнтæ
ивынЦæры дзы 162,7 мин адæймаджы. Цæрджыты нымæцмæ гæсгæ у Мæскуыйы облæсты фæндзæм сахар (Балашихæ, Подольск, Химки æмæ Королёвы фæстæ).
Сахар æрбынат кодта Мæскуыйæ 19 км æддæдæр, йæ цæгат-скæсæнырдыгæй, цæугæдон Яузæйы былгæрон. Ярославлы сосавæндагварс æмарæн у Мæскуыимæ æмæ нымад у йæ сателлит-сахарыл.
Мытищи у Мæскуыйы облæсты культурæ, зонад æмæ индустрийы стырдæр артдзæстæй иу. Æфсæнвæндаг «Мæскуы — Ярославль»-ы хаххы æлхынцъ.
Истори
ивынФыццаг хатт Мытищийы хъæуы тыххæй ской чындæуыд 1460-æм азы (XIX æнусæй — Стыр Мытищи). Сахары ном равзæрди дзырд «мыта»-йæ (вариант — «мытная пошлина»). Афтæ хуынди, цæугæдæттæ Яузæ æмæ Клязмæйы ’хсæн ахизæнвæндагыл (уырыс. волок) цæуæг адæм цы хъалон фыстой, уый.
1779—1804 азты Мытищийæ Мæскуымæ арæзт æрцыд Уæрæсейы фыццаг донвæд (дон цыди Мытищийы суадæттæй хæддзуйæ). XIX æнусы æмбисы сахары сарæзтæуыд фыццаг куыстуæттæ. 1862-æм азы Стыр Мытищимæ бауагъдæуыд æфсæнвæндаг. 1897-æм азы Саввæ Мамонтовы разамындæй арæзт æрцыд фыццаг вагæттæаразæн завод. Чысыл фæстæдæр уым сарæзтой Уæрæсейы фыццаг æнæрдзон цыллæйы куыстгæнæн завод.
XX æнусы райдианы Мытищи сси, мæскуыйæгтæ сæрдыгон сæ фæллад кæм уагътой, ахæм популярон ран.
1925-æм азы 17 августы Мытищийæн радтой сахары статус. 1932-æм азы сахары территори зынгæ фæуæрæхдæр ис: йе скондмæ бахæстæуыд хъæутæ Стыр Мытищи, Тайнинское, Рупасово, посёлоктæ Шарапово, Заречная Слобода, Леонидовкæ, Перловский, Тайнинский, Дружбæ.
Индустри
ивынМытищийы индустрийы сæйраг къабаз у машинæаразынад. Сæйрагдæр индустрион куыстуæттæ:
- Машинæаразæн завод (АÆ «Метровагонмаш»): аразы метройы вагæттæ, автосамосвалтæ, автоприцептæ;
- Электромеханикон завод;
- Гарзæгтæаразæн завод;
- завод «Энергопромавтоматика»;
æмæ æндæртæ.
Зонад
ивынМытищийы ис кæнгæ фæскъæутты зонадон-иртасæн иститут (ЗИИ), бæрцытæбарæн радиогарзæгты ЗИИ (НИИ измерительных радиоприборов). Уыдонæй уæлдай ма дзы кусы Хъæды Мæскуыйы паддзахадон университет, Фæлхасадон кооперацийы Мæскуыйы университет, медицинон училище, машинæаразæн колледж æмæ æндæр ахуырдæттæ.
Культурæ
ивынКультурон кусæндæттæй зынгæдæртæ сты Куклаты театр «Огниво», драмæ æмæ комедийы театр «ФЭСТ», Историон-аивадон музей, нывты галерей, спортивон-ирхæфсæн комплекс «Ихын аренæ „Мытищи“».
Сахары уагъд цæуы газеттæ «Родники» (йæ раздæры ном — «За коммунизм»), «По Ярославке» (2005-æм азæй).
Транспорт
ивынФæндæгты хыз арæзт у ахæм æгъдауæй æмæ транзитон автотранспортæн нæй ацæуæн сахары центрыл. Уый руаджы иуæй мидкварталты цæуæг машинæты бæрц къаддæр кæны, иннæмæй та къуылымпы чындæуы Мытищийæ Мæскуымæ æмæ Мæскуыйæ Мытищимæ цæуæг транспорты, уымæн æмæ уыдоны бахъæуы цæуын æмраст фæндагыл нæ, фæлæ центры иувæрсты.
Мæскуыйæ сахармæ ис æртæ бацæуæны: Ярославлы сосавæндагыл, Осташковойы сосавæндагыл æмæ МКАД-ы æддаг зилаккы ’рдыгæй, платформæ Перловская кæм ис, уым.
Фæндæгты хыз ныр дæр рæзы, æмæ 2002—2005-æм азты Осташковойы сосавæндагæй Сабырдзинады уынгмæ бахизæн бæрæг уæрæхдæргонд æрцыд. Ныридæгæн фæци арæзт Ярославлы сосавæндагыл эстакадæ Олимпаг проспектмæ.
Сахарыл цæуы, Мæскуы æмæ Мæскуыйы облæсты цæгат-скæсæны цæрæнрæттæ чи бæтты, уыцы æфсæнвæндаг.
Сахары автовагзалæй арæзт æрцыди автобусты маршруттæ Мытищийы районы, стæй æндæр районты цæрæнрæттæм.
Æрвитæнтæ
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ Таблица 5. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, муниципальных округов, городских и сельских поселений, городских населенных пунктов, сельских населенных пунктов с населением 3000 человек и более. Итоги Всероссийской переписи населения 2020 года. На 1 октября 2021 года. Том 1. Численность и размещения населения (XLSX). Датæ: 2022-æм азы 1 сентябры. Архив 2022-æм азы 1 сентябры.