НаноВижн (фæхонынц ма йæ НаноВижн Груп[1]) у уæрæсейаг офтальмологион компани, йæ бындурæвæрг у Дмирий Дементьев. Компани сæрмагондæй архайы аразгæ цæсты гагуыты (интраокулярон линзæты) хъуыддаджы мидæг[2].

НаноВижн
Тип общество с ограниченной ответственностью[d]
Ран
Къабаз медицинский прибор[d]
Сайт nanovisiongroup.com

Уымæй уæлдай ма компани кусы офтальмологон лазертæ æмæ цæстон банчы «АйЛаб»-ы аразыныл. Уыцы банчы хъуамæ æвæрд цæуой цæсты цъары сæндидзынгæнæг æрмæджытæ, кæцытæ дарддæр дæттдзысты ранчынтæн сæ цæсты цъар баивыны фадат[1].

Истори

ивын

2014-æм азы тъæнджы мæйы 30-æм боны «НаноВижн»-ы дæлбар компании «НаноОптика» райста ОЭЗ «Зеленоград»-ы резиденты статус[3].

2014-æм азы рухæны мæйы 13 бон Лондоны 32 Æппæтдунеон офтальмологон конгрессы компании айтыгъта йæхи стэнд, кæцыйыл æвдыст æрцыдысты цæсты микрохирургийы кæмæй пайда кæнынц, ахæм алыхуызон æрмæджытæ. Стэнд байгом кодта Александр Яковенко, равдысты баконды уыдысты компанийы саразæг Дмитрий Дементьев æмæ зындгонд офтальмологтæ[1].

2014-æм азы рухæны мæйы 15 боны компании сарæзта зонадон конференции «Офтальмологийы ног здæхтытæ», кæцыйы ныхас цыд компанийы бакуыстыл. Конференци æххæст æрцыд Уæрæсейы Минæварад Стыр Британийы базыры бын[1].

Продукци

ивын

2014-æм азы кæфты мæйы «НаноВижн» фæнд кодта æрвылаз 200 мины аразгæ цæсты гагуыйы уæй кæнынмæ равæрын. Куы бахъæуа, уæд «НаноОптика»-йы фабрикæйы бон у, цы линзæтæ уадзы, уыдон нымæц фæфылдæр кæнын 600 мины онг, уый та у уæрæсейаг домæнтæй фылдæр. Компанийы линзæтæ иннæты уæттæй хицæн кæнынц æндæр аразыны технологийæ, кæцы бракы процент бæрæг къаддæр кæны. Фыццаг партии фæнд кодтой равæрын 2015 азы райдианы.

Цæмæй компании йæ конкурентты разæй фæуа, уый тыххæй фæнд кодта зынаргъ линзæтæ аслæмæй уæй кæнын. Уыимæ ма сæ хъуыдыйы уыд фондз хуызы цæсты гагуыйы уадзын æндæр æмæ æнæдæр æргътимæ.

Фæлындæн

ивын

«НаноОптика»-йы фабрикæ и Зеленограды, уым и компанийы промышленон центр дæр. Фабрикæйы и 800 кв.м. сæрмагонд цæхтæ, кæдоны фæлындæн сæ хъахъхъæны рыг æмæ микроорганизмтæй.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 «Нановижн Груп» в Лондоне, Посольство России в Великобритании, 17-09-2014. Фæстаг фенд 2015-04-29.
  2. Бизнес-журнал(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 13 июны. Архив 2015-æм азы 20 мартъийы.
  3. Компания ООО "НаноОптика" стала резидентом ОЭЗ "Зеленоград", Россия. Особые Экономические Зоны, 21 марта 2015. Фæстаг фенд 2015-04-29. Архивгонд æрцыдис 29 апрелы 2015 азы.