Норвегийы æрдзон æмæ техникон зонæдты университет
Норвегийы технологион университет (норв. Norges teknisk-naturvitenskapelige universitet, NTNU; комкоммæйы тæлмац: Норвегийы æрдзон æмæ техникон зонæдты университет. Æхсæнадæмон ном: Norwegian University of Science and Technology) у, йæ студентты нымæцмæ гæсгæ бæстæйы дыккаг университет. Æрбынат кодта Тронхеймы. Ацы ахуырдон у Норвегийы техникон æмæ инженерон ахуырады сæйраг артдзæст, фæлæ уыимæ ма дзы ис райсæн ахуырдзинад æндæр къабæзты (медицинæ æмæ æнд.). Ахуырдон сарæзтæуыд 1996-æм азы цалдæр кусæндоны баиуы фæрцы: Норвегийы уæлдæр техникон скъола (йæ бындур æвæрд æрцыдис 1910-æм азы), Зонæдтæ æмæ аивæдты коллеги, Æрдзон истори æмæ археологийы музей, Медицинон факультет æмæ Тронхеймы музыкалон консерватори.
Университеты ис авт факультеты:
- архитектурæ æмæ аивæдтæ;
- инженерон-техникон;
- гуманитарон;
- æрдзон зонæдтæ æмæ технологитæ;
- информацион технологитæ, математикæ æмæ электроникæ;
- медицинон;
- æхсæнадон зонæдтæ æмæ технологион разамынд.
Университеты ма ис Æрдзон историйы музей æмæ чиныгдон.