Псхацъæтæн се ’рвадæлтæ сты Баймæтатæ, Дзампатæ, Хъантемыратæ æмæ Бæдтиатæ.

Псхацъæтæ[1] (уырыс. Псхациевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Таурæгъмæ гæсгæ, ацы мыггагæн йæ фыдæл уыд кæсгон лæг. Псхацъæты фыдæл Дæргъæвсы куы æрцард, уæдæй фæстæмæ раивта авд фæлтæры. Мыггаджы фыдæл адджынæй цард кæсгон æлдаримæ, арæх сæм цыд уазæгуаты. Кæсгон æлдарæй сын райгуырд лæппу, сæвæрдтой йыл ном Псхацъæ. Псхацъæ куы слæг, бинонты хицау куы ссис, уæд йæ цæуæт раивта йæхи номыл — Псхацъæтæ. Æрвадæл мыггæгтыл нымад цæуынц: Псхацъæтæ, Баймæтатæ, Бæттиатæ, Хъантемыратæ, Æхсаратæ, Сугъаратæ.[2]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.