РЦИ — Аланийы адæмы социалон хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг

Кадджын ном «РЦИ – Аланийы адæмы социалон хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй адæмы социалон хъахъхъæнынады кьабазы æппынкъаддæр 15 азы чи кусы, адæмы социалон хъахъхъæнынады системæйы кусæндæтты æмæ кусджыты уыцы дæсны кусджытæн адæмæн социалон æххуысæн æмæ сæ пенсион æфсисадæн, хæрзаудæндзинады алыхуызон хуызтæн фадæттæ аразыны хъуыддаджы адæмы социалон хъахъхъæнынады ахсджиагдæр къабæзты зонадон иртасынадон куыстыты райрæзты тыххæй.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».