Рагон ирон мыггæгтæ
Ирон адæмон таурæгъмæ гæсгæ, Ос-Бæгъатырæн йæ фыццаг ус Æхсинæй райгуырд цыппар фырты: Цæраз/Цæразон, Кусæг/Кусæгон, Сидæм/Сидæмон æмæ Æгъуыз. Номыл усæй та йын райгуырд иу фырт — Тидла. Уымæй дарддæр ма Кусæгæн райгуырд фырт — Цъæхил, уый уæлдай тынг уарзтой Ос-Бæгъатыр æмæ Æхсин. Ацы æхсæз æфсымæрæй равзæрдысты Ос-Бæгъатыры бирæ цæуæт. Ос-Бæгъатыры цæуæты нæмттæй фæзындысты рагон ирон мыггæгтæ: Цæразонтæ, Кусæгонтæ, Сидæмонтæ, Æгъуызатæ, Цъæхилтæ æмæ Тидлатæ.[1]
Кæс ноджы
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.