Арубæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: frame|right|Арубæйы æвæрд Карибаг денджызы '''Арубæ''' у сакъадахон ...
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 11:06, 6 февралы 2009

Арубæ у сакъадахон бæстæ Карибаг денджызы хуссары, Венесуэлæйы былгæронмæ хæстæг (29 км). Арубæйæн ис сæрмагонд статус Нидерландаг къаролады сконды. Бæстæйы фæзуат у 193 км², цæрынц дзы 105 мин адæймаджы — ома 544 цæрæджы алы квадратон километрæн. Бæстæйæн ис йæхи валютæ (арубæйаг флорин) æмæ интернеты домен (.aw).

Арубæйы æвæрд Карибаг денджызы

Экономикæйы бындурон къабæзтæ сты æртæ: туризм, нефты ракуыст æмæ алоэ рæзынкæнынад.

Туристтæй фылдæр æрбацæуынц АИШ æмæ Канадæйæ. Америкаг туристты нымæц фæкъаддæр и, 2005 азы майы Арубæйы æрыгон Натали Энн Холлоуэй куы фесæфти, уæдæй. Уæд Алабамæйы хицауад (чызг уырдыгон уыд) АИШ-ы цæрджыты разæнгард кодта Арубæмæ нал цæуын. Ныры онг дæр чызджы не ссардтой. Натали сакъадахы йæ фæллад уагъта скъола каст фæуыны фæстæ, æмæ, дам, æмкъласонтæ тынг бирæ кæрз нозт фæнызтой[1]. Æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ, чызджы фæндыди йæ ныййарджыты хæдзарæй алидзын[2].

Арубæйы цæрджытæ дзурынц нидерландаг æвзагыл æмæ сæхи бынæттон æвзагыл — папьяментойыл. Папьяменто у креолаг æвзаг, йæ бындурыл сты испайнаг æмæ нидерландаг æвзæгтæ. Папьяментойыл цæуынц бынæттон газеттæ, ис ыл Википедийы хайад дæр.

Фиппаинæгтæ

  1. "Natalee Holloway: New Clues". CBS News. 2006-03-25
  2. "The other side of the Holloway-case: ‘Police Aruba hindered by FBI’". Amigoe. 2007-07-03.