Хуыгаты Геор: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Ныв:Хуыгаты Геор.jpg|thumb|220px|Хуыгаты Геор]]
'''Хуыгаты Доментийы фырт Геор''' (райгуырд [[1922]]-æм азы [[9 январы21 апрелы]] [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Ногир]]ы хъæуы. Фæзиан 2005-æм азы) у ирон драматург.
 
Геор райгуырд 1922 азы 21 апрелы Ногиры, ам каст фæцис астæуккаг скъола.
[[1939]]-æм азы Хуыгайы-фырт у Цæгат Ирыстоны театралон училищейы (студийы) студент. [[1942]]-æм азы сси [[Ирон театр]]ы актёр. [[1947]]-æм азы ахуырмæ бацыдис А. Луначарскийы номыл [[Театралон аивады паддзахадон институт]]мæ (ТАПИ) режиссурæйы хайадмæ. Институт каст куы фæци, уæд раздæхти йæхи театрмæ æмæ райдыдта кусын режиссёрæй. Бирæ азы куыста йæ аивадон разамонæгæй.
 
Строка 8 ⟶ 9 :
Фæстæдæр Хуыгаты Геор йе ’ргом раздæхта тæлмацгæнæджы куыстмæ. Ратæлмац кодта, Ирон театры сценæйыл æнтысджынæй кæй хъазыдысты, ахæм цалдæр дæс классикон æмæ нырыккон пьесæйы. Уыдоны ’хсæн Еврипиды, Шекспиры, Бомаршейы, Гоголы, Островскийы, Л. Толстойы, Горькийы æмæ Чеховы уацмыстæ.
 
[[1957]]-æм азы фыццаг хатт бафæлвæрдта ныффыссын пьесæ. Йæ пьесæтæ «Андро æмæ Сандро», «Мæ усы мой», «Зæрдæйæн квартет» æмæ æндæртæ æнтысджынæй æвæрд æрцыди [[Советон Цæдис]]ы бирæ сценæтыл.

«Раздæры советон бæстæйы, æвæццæгæн, ахæм театр нал баззад, æмæ Хуыгайы-фырты водевильтæ кæй сценæйыл не ’рцыдысты æвæрд». («Мах дуг»)

Геор ныффыста фыццаг ирон драмæ «Кæм дæ, мæ амонд?». Йæ уацымыстæ хицæн æмбырдгæндтæй цалдæр хатты рацыдысты мыхуыры уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.
 
Хуыгайы-фырты хъæппæрисæй сæнтысти хорз хъуыддаг — Цæгат Кавказы национ драмон театрты фестиваль «Сценæйæн арæнтæ нæй». Æнтыстджынæй цыд Дзæуджыхъæуы.
 
=== Фиппаинæгтæ ===