Ираны географи: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Xqbot (ныхас | бавæрд)
ч Робот баххæст кодта: hr:Zemljopis Irana
чНет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Иран]] ис хуссар-ныгуылæн Азийы[[Ази]]йы, [[Хæстæг Скæсæн|Хæстæг]] æмæ [[Астæуккаг СкæсæныСкæсæн]]ы арæны фæйнæфарс. Цæгатырдыгæй йæ былгæрон æхсы [[Къаспы денджыз]], хуссарырдыгæй — Персайнаг æмæ Омайнаг бакæлæнтæ. Сурзæххыл Иран æмарæн у авд паддзахадимæ: [[Азербайджан]], Сомихыстон[[Сомих]]ыстон, [[Афганистан]], [[Ирак]], [[Пакистан]], [[Туркменистан]] æмæ Туркимæ[[Турк]]имæ. Уымæй уæлдай ма паддзахад дих кæны Къаспы денджызы акватори [[Уæрæсе]] æмæ Казахстанимæ[[Хъазахстан]]имæ, Персайнаг бакæлæн — [[Кувейт]], [[Саудаг Арави]], [[Катар]], [[Бахрейн]] æмæ [[Иугонд Араббаг Эмираттæ|Иугонд Араббаг Эмираттимæ]], Омайнаг бакæлæн — Оманимæ[[Оман]]имæ.
 
Йæ территорийы фæзуатмæ гæсгæ Иран ахсы 17-æм бынат (1 648 000 км²). Бæстæйы цæгаты [[Гилян]], [[Мазендеран]] æмæ Голестаны[[Голестан]]ы тæрфытæ, хуссар-ныгуылæны та Хузестаны[[Хузестан]]ы тæрфытæ нæ нымайгæйæ, Ираны территори у денджызы æмвæзадæй 900 метрæй бæрзонддæр.
 
Цæгат-ныгуылæнæй хуссар-скæсæнмæ адæргъ ис къæдзæхрагъ [[Загрос]].
 
Хусхæссаг бæстыхъæд æмæ хохджын рельефы тыххæй Иранæн нæй фаг доны ресурстæ. Бæстæйы ис зыбыты иунæг наудзæуæн цæугæдон — [[Карун]].
 
Дынджырдæр цад — [[Урмия (цад)|Урмия]] — ис Ираны цæгат-ныгуылæны.
 
Иран хъæздыг у къахгæ хæзнатæй, уæлдайдæр æвзалыдонгуыртæй (русск. углеводороды). Нефты[[Нефт]]ы æвæрæнты бæрцмæ гæсгæ Иран ахсы æртыккаг бынат, æрдзон газы — дыккаг. Иран ма хъæздыг у æвзалы, æфсæнæрзæт, марганец æмæ цинчы æвæрæнтæй.
 
== Рельеф ==
Ираны территорийы фылдæр хай æмбæрзт у хæхтæй. Хæхты сæйраг рагъ у Загрос. Уый адæргъ ис цæгат-ныгуылæнæй хуссар-скæсæнмæ адæргъ ис 1500 километрыл. Загросы ис, сæ бæрзæнд 3000 м фылдæр кæмæн у, ахæм цалдæр цъуппы. Иу ран (Фарсы) та — 4000 метрæй уæлдæр цъуппытæ. Иннæ дынджыр къæдзæхрагъ, [[Эльбрус]] (ивддзаггæнæн нæй Кавказы[[Кавказ]]ы хох Эльбрусимæ!), æрбынат кодта Къаспы денджызы былгæроны дæргъмæ. Эльбрусы ис Ираны бæрзонддæр цъупп — хуыст вулкан [[Демавенд]] (денджызы æмвæзадæй 5610 метры бæрзонддæр).
 
Загрос æмæ Эльбрусы ’хсæн фæзуатыл ис Централон плато. Денджызы æмвæзадæй нымайгæйæ, йæ рæстæмбис бæрзæнд у 900 метры. Платойы скæсæйнаг хай æмбæрзт у дыууæ стыр цæхдзастæй (русск. солончак): Деште-Кевир æмæ Деште—лут. Ацы территори, цалдæр оазисæй фæстæмæ, у æдзæрæг.
Рæнхъ 21:
 
== Гидрологи ==
Ираны нæй стыр цæугæдæттæ, ис дзы æрмæст иунæг наудзæуæн дон — [[Карун]]. Уый гуыры Загросы[[Загрос]]ы æмæ фылдæр кæлы бæстæйы хуссар-ныгуылæны, Хузестаны[[Хузестан]]ы территорийыл. Цæугæдонылдзог транспорт пайдагонд цæуы сæйраджыдæр сахартæ [[Ахваз]] æмæ Хорремшехры[[Хорремшехр]]ы ’хсæн, Карун цæугæдон Арвандрудмæ кæм бакæлы, уыцы 180-километрон фадыгыл. Каруны иумæйаг дæргъ у 950 км. Иннæ ахадгæ цæугæдæттæ сты Кархе, Дез æмæ Заянде.
Бирæ чысыл æмæ цыбыр цæугæдæттæ ис Ираны цæгаты, уæлдайдæр Мазендераны. Уыдон иууылдæр гуырынц Эльбрусы æмæ бакæлынц Къаспы денджызмæ. Централон Ираны цæугæдæттæ донарæх вæййынц æрмæст, хæхты мит куы тайы, уыцы рæстæг, афæдзы фылдæр хай та уыдон басур вæййынц.
 
Афæдзы дæргъы чи никуы басур вæййы, бæстæйы уыцы донуæттæй иу у цæхджын цад Урмия [[Хуссар АзербайджаныАзербайджан]]ы. Æниу, йæ цæххарæхы тыххæй удæгас организмтæ дзы нæ цæрынц. Ираны иннæ цадтæ: Бахтаган, Гавхуни, Нейриз, Паришан, Неор, Саве. Цалдæр чысыл цады ма ис бæстæйы скæсæны —Систан— [[Систан æмæ БелуджистаныБелуджистан]]ы, Афганистан æмæ Пакистанимæ цы арæн ис, уымæ хæстæг. Ираны цы цыбырнымæц æдзæхх цадтæ ис, уыдон æрбынат кодтой Эльбрусы хохрæбын, Тæхранæй[[Тæхран]]æй цæгатырдыгæй.
 
== Бæстыхъæд ==
Рæнхъ 32:
 
Персайнаг æмæ Омайнаг бакæлæнты былгæрæттæ сты æнтæф æмæ уымæл тропикон бæстыхъæды зонæйы. Уымы зымæгон температурæ у +16...18°С, сæрдыгон — +24…30°С. Абаргæйæ дзы афæдзмæ æруары бирæ дæлдзырæттæ (русск. осадки): хæхты фæхстыл 1000 миллиметрмæ ’ввахс, быдырбæсты — 600 миллиметры онг.
 
[[Категори:Иран]]
 
[[bn:ইরানের ভূগোল]]