Ираны географи: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Иран]] ис хуссар-ныгуылæн [[Ази]]йы, [[Хæстæг Скæсæн|Хæстæг]] æмæ [[Астæуккаг Скæсæн]]ы арæны фæйнæфарс. Цæгатырдыгæй йæ былгæрон æхсы [[Къаспы денджыз]], хуссарырдыгæй — ПерсайнагПерсы æмæ ОмайнагОманы бакæлæнтæ. Сурзæххыл Иран æмарæн у авд паддзахадимæ: [[Азербайджан]], [[Сомих]]ыстон, [[Афганистан]], [[Ирак]], [[Пакистан]], [[Туркменистан]] æмæ [[Турк]]имæ. Уымæй уæлдай ма паддзахад дих кæны Къаспы денджызы акватори [[Уæрæсе]] æмæ [[Хъазахстан]]имæ, Персайнаг бакæлæн — [[Кувейт]], [[Саудаг Арави]], [[Катар]], [[Бахрейн]] æмæ [[Иугонд Араббаг Эмираттæ|Иугонд Араббаг Эмираттимæ]], ОмайнагОманы бакæлæн — [[Оман]]имæ.
 
Йæ территорийы фæзуатмæ гæсгæ Иран ахсы 17-æм бынат (1 648 000 км²). Бæстæйы цæгаты [[Гилян]], [[Мазендеран]] æмæ [[Голестан]]ы тæрфытæ, хуссар-ныгуылæны та [[Хузестан]]ы тæрфытæ нæ нымайгæйæ, Ираны территори у денджызы æмвæзадæй 900 метрæй бæрзонддæр.
Рæнхъ 18:
Ираны ис æрмæст дыууæ стыр дæлвæзы: Хузестаны быдыр (хуссар-ныгуылæны) æмæ Къаспы былгæройнаг дæлвæз (цæгаты). Фыццыг у Месопотамы дæлвæзы иу хай æмæ Ираны территорийыл адæргъ ис 120–160 километрыл, Загросы къæдзæхрагъы онг. Ацы дæлвæз денджызы æмвæзадæй 3–5 км бæрзонддæр никуы вæййы.
Къаспы былгæройнаг дæлвæз адæргъ ис денджызы былгæроны дæргъмæ 640 километрыл, йæ уæрх та 40 километрæй стырдæр нæ вæййы. Иуæй-иу рæтты былгæройнаг хахх Эльбрусы хохрæбынæй цæуы 2 км æддæдæр.
ПерсайнагПерсы æмæ ОмайнагОманы бакæлæнты былгæрæттыл дæлвæзтæ нæй, уымæн æмæ Загрос хæццæ кæны комкоммæ былгæройнаг хахмæ.
 
== Гидрологи ==
Рæнхъ 31:
Бæстæйы цæгаты зымæджы температурæ арæх вæййы æппæрццæг, июлы та хатгай схизы 30 градусмæ. Афæдзмæ рæстæмбис нымадæй уымæл ныгуылæйнаг облæстыты æруары 1700 мм, хусхæссаг скæсæйнаг облæстыты та — 680 мм. Сæрды æдзæрæгрæтты температурæ арæх вæййы 40 градусæй уæлдæр. Ираны ныгуылæны, Загросы хæхты зымæджы фылдæр хатт вæййы æппæрццæг температурæ, стæй ма дзы арæх вæййаг сты тыхджын митуæрдтытæ æмæ дымгæтæ.
 
ПерсайнагПерсы æмæ ОмайнагОманы бакæлæнты былгæрæттæ сты æнтæф æмæ уымæл тропикон бæстыхъæды зонæйы. Уымы зымæгон температурæ у +16...18°С, сæрдыгон — +24…30°С. Абаргæйæ дзы афæдзмæ æруары бирæ дæлдзырæттæ (русск. осадки): хæхты фæхстыл 1000 миллиметрмæ ’ввахс, быдырбæсты — 600 миллиметры онг.
 
{{Ираны тыххæй}}