Цæхæра: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч Робот баххæст кодта: az, hu, ja, lt, nl, nn, no, qu, scn Аиуварс: pl
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Ныв:Beets produce-1.jpg|thumb|250px|Сырх цæхæра дуканийы тæрхагыл]]
'''Цæхæра''' у адæмы уарзондæр хæринæгтæй иу. Аргъ та йын уымæн кæнынц, æмæ хъæздыг у [[урсаг|урсæгтæ]], [[углеводæвзалыдон]]тæ æмæ [[аскорбины туагад]]æй. Бирæ дзы ис æнæмæнгхъæугæ минералон цæххытæ: [[калий]], [[кальций]], [[натрий]], [[фосфор]], [[марганец]], [[æфсæйнаг]], [[йод]], [[кобальт]].
 
Амонынц æй, йæ [[туджы æлхъывдад]] бæрзонд кæмæн у, йæ [[нерв]]ыты аххосæй мæстыгæр чи у, йæ [[рæуджытæ]] сахъат кæмæн сты, уыдонæн. Дзæбæх дзы кæнынц [[сæкæрниз]], тынг нард рынчынтæ. [[Базеды низ]]æй чи сæйы, уымæн йæ, ''уартæнгæс рæзынæг'' (уырыс. ''щитовидная железа'') кæй хонынц, уый активон куыст фæсабырдæр кæны. Цæхæра æнæмæнгхъæугæ хæринаг у, йæ гуыбын кæмæн фæхус вæййы, уымæн.
 
Æхсæрдæсæм æнусы йæ нæ рагфыдæлтæ [[Греци|бердзенты бæстæйæ]] куы æрбаластой, уæдæй абонмæ дзы адæм пайда кæнынц, куыд хæрзад халсарæй. Хæрынц æй доны, духовкæйы фыхæй. Кæнынц дзы [[борщ]] æмæ [[окрошкæтуагдзæхдон]] (уырыс. ''окрошка''). Цæхджын æй кæнынц хибарæй, фæлæ [[цывзы]]йы цъæрттимæ та у уæлдай хæрзаддæр. Нæ разагъды бæркадкъух æфсинтæ йын [[цæхæраджын|йæ сыфтæй чъиритæ]] куы ракæнынц, уыдонæн та дзы æмбал нæй.
 
Сырх цæхæрамæ ма ис иу диссаджы миниуæг. Дохтыртæ йæ амонынц æвзæр рæсыдтытæйкъуыдилы (уырыс. ''рак'') кæмæн ис, уыцы рынчынтæн дзæбæх кæнынæн æмæ сæ не ’руадзынмæ.
 
== Сæкæры цæхæра ==