Францаг академи: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: '''Францы академи''' (фр. ''Académie Française'') у Францы уыцы зонадон уагдон, йæ нысан кæм...
 
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 7:
 
== Академийы ныртæккæйы сконд ==
Академийы ис 40 уæнджы. Академичы равзарынц цæрæнбонмæ, æмæ йæ хонынц æнæмæлгæ (фр. ''les immortels''), зæгъгæ, ахæм номæй. Ацы кадджын ном фæзынди, Ришельё цы девиз ныффидар кодта, уый охыл: «Æнæмæлæты сæраппонд». Наполеон III-æмы дугæй цæуы академикты хицæнгæнæн нысан — кæрдæгцъæх фрак (фр. ''habit vert''). Академичы амæлæты фæстæ йæ бынатмæ равзарынц ног адæймаджы. Ногæвзæрст уæнг, «Академийы дæлбазыр райсыны» бон хъуамæ зæгъа йæ развæдгæнæджы номарæн ныхас. Къорд академичы æндæр æмæ æндæр аххосæгты охыл Академимæ райстæуыдис кадджын уавæры нæ, фæлæ æнæуый уавæры. Уыдоны ’хсæн — Жорж Клемансо æмæ Ален Роб-Грийе; ахæмтæй сæ фылдæр хай сæхæдæг не сразы сты уыцы церемони сæххæст кæныныл. 1923-æм азы уыди ахæм хабар æмæ Академийы ногæвзæрст уæнг йæ развæдгæнæджы ном ссарынæн цы ныхас (уырыс. ''речь'') загъта, уый банымадæуыдис нæбæззоныл, фæлæ йыл ногæй бакусыныл академик не сразы ис.
 
Дыккаг дунеон хæсты фæстæ юридикон тæрхонмæ гæсгæ Академийы уæнгты рæнхъытæй рацух чындæуыд цалдæр академичы сæ коллаборационизмы тыххæй, уыдоны ’хсæн уыдысты маршал Петен æмæ философ-националист Шарль Моррас. Академийы æнæбаивгæ нымæрдар Жорж Дюамелы фæндонмæ гæсгæ сæ бынæттæ расидтыуыдис вакантоныл, фæлæ цалынмæ а дыууæ рацухгонд адæймаджы æгас уыдысты, уæдмæ сæ бынатмæ ног академиктæ æвзæрст нæ цыдис (иннæ дыууæ коллаборационисты Абеля Боннар æмæ Абель Эрманы хъауджыдæр).