Дзаболаты Хазби: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Ныв:Dzabolaty.jpg|200px|thumb|Дзаболаты Хазби]]
'''Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби''' (1931 азы 16 апрелы, [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Алагиры район]]ы [[Ногхъæу_(Алагиры_район,_быдыры)|Ногхъæу]] — амардис 1969 азы 28 январы) уыдис ирон поэт.
 
== Цардафыст ==
Рæнхъ 11:
== Сфæлдыстад ==
Поэты уацмысты фыццаг æмбырдгонд «Хæс» рацыдис [[1960-æм аз]]ы. Дзаболаты Хазби литературæмæ куы æрбацыдис, уæдмæ йæм уыдис уæнгдыхæй фæллойгæнæджы стыр фæлтæрддзинад, æмæ уымæн йæ фыццаг чиныджы стыр бынат бацахста фæллойы темæ, æрзæткъахджытæ æмæ геологты куыст. Йæ дыккаг æмбырдгонд «Артдзæст» рацыдис 1963-æм азы. Йæ чиныджы сæйраг мотивтæ сты адæймаджы уды сыгъдæгдзинад, уарзт, хæс. 1967-æм азы мыхуырæй рацыдис поэты ног чиныг «Къахуынæр».
 
Фыссæг [[Хъодзаты Æхсар]] ахæм аргъ скодта Хазбийы сфæлдыстадæн<ref>журнал «Мах дуг», 2005, №10</ref>:
 
{{цитатæ|
Хазби литературæйы фыццаг къахдзæфтæ кæнын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ архайдта литературон штампæй йæхи хизыныл, уыд «хæдуæз, зæрдæйæ ист дзырды фарс». Зæрдæ цы зарæджы ис, æрмæстдæр уый ссардзæни фæндаг чиныгкæсæгмæ — ахæм хъуыдыйыл хæст уыди поэт. Хъуыды йæхæдæг ног нæу, фæлæ йæ Хазби æххæст кодта хъуыддагæй. Йæ поэзийы ахсджиагдæр миниуджытæй ма иу уый у, æмæ дзы мырты азæлдæн стыр нысаниуæг кæй ис. Дзаболы-фырт арæхстджынæй пайда кодта ирон дзырды парахат авналæнтæй, бауагъта дзы-иу ног тых, йæ уды цардцыбæл монцты руаджы-иу мард дзырдтæ раудæгас сты. «Нæ литературон фыдæлтæ... никуы кодтой цæстмæфыстытæ, цæстмæныхæстæ, сæ дзырды уыди стыр уæз, стыр фарн, адæмы æхсæн уыдысты нымаддæр лæгтæ», — фыста поэт. Æмæ йæхæдæг дæр йе ’рдзон курдиаты, йæ удуæлдай куысты руаджы æфтуан бакодта нæртон фыдæлты фарнмæ.}}
 
Хазби ма тæлмац кодта зындгонд уырыссаг æмæ советон поэтты æмдзæвгæтæ.
 
== Фиппаинæгтæ ==
{{фиппаинæгтæ}}
 
[[Категори:Ирон поэттæ]]