Ираны географи: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 14:
Ираны территорийы фылдæр хай æмбæрзт у хæхтæй. Хæхты сæйраг рагъ у Загрос. Уый адæргъ ис цæгат-ныгуылæнæй хуссар-скæсæнмæ 1500 километрыл. Загросы ис, сæ бæрзæнд 3000 м фылдæр кæмæн у, ахæм цалдæр цъуппы. Иу ран (Фарсы) та — 4000 метрæй уæлдæр цъуппытæ. Иннæ дынджыр къæдзæхрагъ, [[Эльбурс]] (ивддзаггæнæн нæй [[Кавказ]]ы хох Эльбрусимæ!), æрбынат кодта Къаспы денджызы былгæроны дæргъмæ. Эльбрусы ис Ираны бæрзонддæр цъупп — хуыст вулкан [[Демавенд]] (денджызы æмвæзадæй 5610 метры бæрзонддæр).
 
Загрос æмæ Эльбрусы ’хсæн фæзуатыл ис Централон плато. Денджызы æмвæзадæй нымайгæйæ, йæ рæстæмбис бæрзæнд у 900 метры. Платойы скæсæйнаг хай æмбæрзт у дыууæ стыр цæхдзастæй (русск. солончак): Деште-Кевир æмæ Деште—лутДеште-лут. Ацы территори, цалдæр оазисæй фæстæмæ, у æдзæрæг.
 
Ираны ис æрмæст дыууæ стыр дæлвæзы: Хузестаны быдыр (хуссар-ныгуылæны) æмæ Къаспы былгæройнаг дæлвæз (цæгаты). Фыццыг у Месопотамы дæлвæзы иу хай æмæ Ираны территорийыл адæргъ ис 120–160 километрыл, Загросы къæдзæхрагъы онг. Ацы дæлвæз денджызы æмвæзадæй 3–5 км бæрзонддæр никуы вæййы.