Содержимое удалено Содержимое добавлено
Цæра (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 25:
 
* Славик, [http://ru.wikipedia.org/w/index.php?title=%D0%A1%D1%83%D1%85%D0%B8%D0%B9_%D0%9C%D0%B5%D1%81%D1%83%D0%BA%D0%B5%D0%B2%D0%B8%D0%B9%D1%81%D0%BA%D0%B8%D0%B9&stable=0æз ай дæр] ныффыстон æмæ хъæу ам дæр, ирон Википедийы, ахæм статья скæнын. Баххус мын кæн, Славик, ратæлмац кæнын мæ [http://ru.wikipedia.org/w/index.php?title=%D0%A1%D1%83%D1%85%D0%B8%D0%B9_%D0%9C%D0%B5%D1%81%D1%83%D0%BA%D0%B5%D0%B2%D0%B8%D0%B9%D1%81%D0%BA%D0%B8%D0%B9&stable=0æз уырысаг фыст], кæнод ам чи ис, тынг цыбыр у.
:: Хатыр уæ ныхасмæ уын кæй бахызттæн уый тыххæй. Фæлæ мæм раст нæ кæсы — ам дам хъæуы æмæ дам мын Славик аххуыс кæн. Кæд дæ тæлмацы рæдыдтæ раст кæныны тыххæй агурыс æххуыс уæд табуафси, ам чидæриддæр ис, уыдон дын ахæм æххуыс æнæ курдиатæй дæр раддзысты.
:: Фæлæ дæ кæд фæнды цæмæй Вячеслав дарддæр ратæлмац кæна уыцы уац — уæд раст нæ дæ.)) Кæд дæм нæдæр фæндон ис, нæдæр амал тæлмацкæнынмæ иронмæ, уæд цæмæн хъæуы уыцы статья ам? Нымæцæн? Æви Вячеславæн хъæуы ам?)) Уæд цæмæн хъæуынц Ирон википеди дæр æмæ Ирон æвзаг дæр?))
:: Раст мæ бамбар æфхæрыны тыххæй нæ ныффыстон адæттæ, фæлæ йæ бамбарын хъæуы, кæд нæхи нæ хъæуы ирон æвзаг, кæд нæхæдæг нæ архайæм цæмæй йыл хуыздæр базонæм фыссын æмæ кæсын, уæд иннæты цæмæн хъæуы?))
:: Иугыццыл ратæлмац кодтай уыцы уацæй æмæ кæд рæдыдтытæй фæтарсттæ уæд сæ ма тæрс)) Тынг хорз дын рауадис, уыцы рæдыдтытæ та æнцон сраст кæнын сты. Цас фылдæр фыссай æмæ тæлмац кæнай иронау, уый бæрц хуыздæр фыссдзынæ. Ам та дын æххуыс кæнынмæ цæттæ сты иууылдæр, афтид Вячеслав нæ фæлæ) — [[Архайæг:Цæра|Цæра]] 09:36, 18 мартъийы 2010 (UTC)