Куадзæн: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч неудачная фотография яиц в термплёнке, отвратительно :))
Цæра (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 64:
== Украинæ ==
[[Ныв:UkiePysanky2006.jpg|thumb|left|250px|[[Украинæ]]г писанкæтæ]]
 
== Ирон адæммæ ==
 
Куадзæн у [[уалдзæг|уалдзыгон]]ыгон, æхсызгондзинады [[бæрæгбон]]. [[325-æм аз]]æй фæстæмæ Куадзæн æрцæуы, [[мæй]] йæ цалхыдзаг куы свæййы, уый фæстæ [[хуыцаубон]]мæ, апрелы дыккаг – æртыккаг къуырийы хуыцаубонмæ. Куадзæн куыд равзæрд, уый бæраг у дзырд комуадзæнæй, ома адæм сæ ком суадзынц, [[мархо]] нал фæдарынц.
Адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары [[æфсин]] кæнæ æфсинтæ сцæттæ кæнынц [[уæлибæх]]тæ, нозт, хæрд, [[бæгæны]]. Бæрæгбоны фынгыл сæрмагонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ, цæхджын дæр сæ кæнынц. Сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ арфæтæм фæцæуынц, [[Чырысти]] райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Ныртæккæ бирæ адæм ком нал дарынц, фæлæ раздæрты адæймаг айк райста æмæ дзы скомдзаг кодта, уæд уый амыдта æмæ йæ ком суагъта.
 
[[Арфæ]]тæ кæнынмæ фыццагдæр цыдысты ног мæрдджынтæм, загътой-иу сын ныфсæвæрæн, зæрдæдарæн ныхæстæ. Куадзæны бон-иу хъæубæстæн уыд стыр бæрæгбон, сарæзтой-иу иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндырдзагъд. Уæлдай хъæлдзæгдæр уыдысты сывæллæттæ. Куадзæнмæ-иу сын бахуыдтой ног дзаумæттæ. Сывæллæттæ хæдзæрттыл зылдысты æмæ сын алкæмдæр лæвæрдтой æйчытæ.
 
== Литературæ ==
* ИРОН ÆГЪДÆУТТÆ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.
 
{{къæртт}}