Заменгоф, Лазарь Марчы фырт: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Ныв:1908-kl-t-zamenhof.jpg|thumb|LudwikЛазарь Lejzer Zamenhof,Заменгоф 1908-æм азы. Йæ зындгонддæр къамтæй иу]]
'''Людвик Лазарь Заменгоф''' (йæ [[Уæрæсейы импери|уæрæсейаг]] гæххæттытæм гæсгæ ''Лазарь Маркович Заменгоф'') уыд, æвзаг [[эсперанто]] чи æрымысыдис, уыцы лæг. Уый райгуырдис [[1859-æм аз]]ы [[15 декабры]] польшæйаг сахар [[Белосток|Белосточы]] (ныр [[Польшæ]]йы), амардис та [[1917-æм аз]]ы [[14 апрелы]] [[Варшавæ]]йы. Йæ дæсниадмæдæсныйадмæ гæсгæ уыд [[цæст]]ыты дохтыр.
 
Лазары фыд куыста куыд [[немыцаг æвзаг|немыцаг æвзаджы]] ахуыргæнæг, фæстæдæр уыимæ ма цензорæй: цензурæ кодта немыцаг æвзагыл æмæ та дзуттаг æвзæгтыл ([[идиш]] æмæ [[иврит]]) цæуæг периодикон мыхуыр. Йæ сабибонтæй Лазарь Заменгоф зыдта цалдæр æвзаджы, йæ мысинæгтæм гæсгæ йæ сæйраг æвзаг уыдис [[уырыссаг æвзаг|уырыссаг]], фæстæдæр фылдæр [[польшæйагау]] дзурын байдыдта, йæ цотимæ дæр.
 
Гимназы фæстæ Лазарь ахуыр кодта [[Мæскуы]]йы (1879-1881) æмæ Варшавæйы (1881-1885), сси цæстыты дохтыр.
 
Йæ æрымыст æвзаджы афæлгæст рацыдис [[1887-æм аз]]ы сæрды уырыссаг æвзагыл, уыцы чиныдж сæргонд уыдис «Доктор Эсперанто. Æхсæнадæмон æвзаг. Раздзырд æмæ ахуыры чиныг æххæстæй» ({{lang-ru|«Д-ръ Эсперанто. Международный языкъ. Предисловіе и полный учебникъ»}}). Уыцы рауагъды фæстæ уыдысты польшæйаг, францаг æмæ немыцаг рауагъдтытæ. Заменгофы фæсномыг «эсперанто» тагъд рæстæджы сси, уый цы æвзаг сарæзта, уымæн йæ ног ном.
 
{{къæртт}}
 
[[Категори:Эсперанто]]
[[Категори:Польшæйы чи райгуырдис, уыдон]]
[[Категори:Варшавæйы чи амардис, уыдон]]
 
{{Link FA|eo}}