Суворов, Александр Василийы фырт: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Рæнхъ 66:
Суворовы æфсады уыдис 80 мин адæймаджы. Францæгтимæ сæ фыццаг хæстон фембæлд уыдис Италийы зæххыл 10 апрелы сахар-фидар Брешиайы (уыцы тохы фесгуыхтис инæлар-майор, къниаз Багратион). 15 апрелы байстой сахар Лекко. 16 апрелы райдыдта тохты сæйрагдæр цæугæдон Аддæйы былгæрон. Уæрæсейы æфсæдтæ бахызтысты доны иннæ фарсмæ æмæ ныддæрæн кодтой зындгонд æфсадхон Жан Моройы æфсæдты. Æртæ мин адæймаджы фæмард францæгтæй, фондз мины та дзы уацары бахаудис. Цæугæдон Аддæйыл хæсты кæронбæттæн къæпхæн уыд Вердериойы цур тох. Инæлар Серрюрье уацары радта Францы дивизи.
 
17 апрелы цæдисон æфсæдтæ бацыдысты Миланмæ[[Милан]]мæ. 15 маймæ Цæгат Итали асыгъдæг Францы æфсæдтæй. [[6 июны]] цæугæдон Треббияйы былгæрон инæлар Макдональды æфсæдтæ схæцыдысты иугонд æфсадимæ. Æртæ боны фæстæ францæгтæ æмбис фесты. Уый фæстæ та инæлар Б. Жуберы æфсад ныддæрæн кодтой Суворовы æфсæдтæ. Авд мин францаг хæстоны фæмард уыцы тохы, уыдонимæ сæ командæгæнæг Жубер дæр, 4,5 мины та дзы уацары бахаудис. Уый уыдис Италийы стæрты фæстаг хæст. Уый фæстæ император Павел I бардзырд радта, цæмæй Суворовæн ахæм кад æмæ лæгтад уа, уымæй размæ æрмæст императорæн куыд уыдис.
 
Италийы стæры фæрцы цыбыр рæстæгмæ Цæгат Итали фервæзт Францы æлдариуæгæй. Цæдисонты уæлахизтæ къухы бафтыдысты, сæйрагдæр, Уæрæсейы æфсады бæрзонд моралон-хæстон миниуджыты руаджы æмæ Суворовы хæстон курдиаты, стæй йæ арæхст æмæ фæлтæрддзинады руаджы.
 
Цæгат Итали ссæрибар кæныны фæстæ Суворовы фæндыдис Францмæ бафсæрын, сæйраг цæф æмæ тыхтæ [[Гренобль]], [[Лион]] æмæ Парижмæ[[Париж]]мæ саразгæйæ. Фæлæ уыцы фæндонæй ницы рауадис æмцæдисонты аххосæй. Уыдон тарстысты, [[Зæххастæу денджызыденджыз]]ы районы æмæ Италийы Уæрæсейы æндæвдад куы стыхджын уа, уымæй. Англис æмæ Австрийы бафæндыдис, цæмæй Уæрæсейы æфсад рацæуа Италийæ Швейцаримæ, уым баиу уа А.М.Римский-Корсаковы корпусимæ æмæ уырдыгæй ныббырсаныббырста Францмæ.
 
Æхсæз суткæмæ Уæрæсейы æфсæдтæ ацыдысты 150 километры Александрийæ Таверномæ. Ам сбæрæг, австриæгтæ сæ дзырдæн хицау кæй нæ разындысты, уый. Хъуамæ сын уырдæм, Таверномæ, æрбахæццæ кодтаиккой 1429 хæргæфсы сæ мулк, фæллой æмæ артиллери аласыны тыххæй. Цыппар боны фæстæ æрбахæццæ кодтой æрмæст 650 хæргæфсы. Уæдмæ уырыссæгтæ сæ артиллери æмæ уæрдæттæ арвыстой æндæр фæндагыл. Австрийы афицертæ сæ асайдтой Францы æфсады тыххæй бæрæггæнæнтæ дæтгæйæ æмæ, цад Люцерны былгæрæтты къахвæндаг кæй цæуы, уымæй. Нæ дзы уыдис къахвæндаг.
 
[[31 августы]] Уæрæсейы æфсæдтæ, æппынфæстагмæ, дыууæ колоннæйæ райдыдтой размæ цæуын. Райдыдта Суворовы зындгонд Швейцариаг стæр. Уый уыдис [[1799-æм азыаз]]ы æмæ сси Уæрæсейы историйы, йæ азфысты кадджын сыф. Францæгтимæ фыццаг стыр хæстон фембæлд сын уыдис Сен-Готарды æфцæг штурмæй исгæйæ. Уый фæстæ байгом фæндаг Швейцаримæ. Уыцы æфцæг хъахъхъæдта Лекурбы Францы дивизи, уыдис дзы Уæрæсейы æфсæдты æмбисы бæрц. Хъæутæ Урзерн æмæ Госпитал байсгæйæ, [[13 сентябры]] уырыссæгтæ райдыдтой штурмæй исын æфцæг. Тынг зынтæй, фæлæ йæ уæддæр байстой. [[14 сентябры]] Уæрæсейы æфсæдтæ баиу сты æмæ иу къордæй ахæцыдысты сахар Швицмæ. Фæндагыл сæ бахъуыдис иттæг зын уавæрты францаг фидæрттæ штурмæй исын, уæлдайдæр цæугæдон Рейсыл цы «Хæйрæджыты» хид ис, уый районы. Сен-Готарды æфцæгыл уæлдай уæззаудæр фæлварæн уыдис бæрзонд митджын хох Бцнтнерберджы сæрты ахизын. Бирæ уырыссаг салдæттæ фæцагъды ис уым. Æппынæрæджиау, хæхты сæрты ахизгæйæ, Альтдорфмæ куы бахæццæ сты, уæд Суворов базыдта, цад Люцерны фæрсты фæндаг кæй нæй, уый. Уæд фельдмаршæл уынаффæ рахаста æфсæдты бæрзонд рагъ Росштокыл ахизын кæныны тыххæй. Дыууадæс сахаты бахъуыдис æфсæдтæ рагъы сæрты Муттены дæлвæзмæ æрхизыныл. Хъæу Муттены уæвæг францаг æфсæдтæ æнхъæл дæр нæ уыдысты, рагъыл сæм исчи æрхиздзæн, уымæн æмæ сæ уырысы æфсæдтæ лидзæг фæкодтой. [[19 сентябры]] изæрмæ Суворовы æфсæдтæ æрæмбырд сты Муттены фæзы æмæ ам фехъуыстой Римский-Корсаковы корпусы ныддæрæны хабар, уыдон та йæм æххуыс кæнынмæ тагъд кодтой.
 
Æфсады хойраг æмæ нæмгуытæ фæуд кодтой, уæлæйы æмæ къахыдарæстæ баихсыдысты, салдæттæ æмæ афицертæй бирæтæ уыдысты бæгъæввад. Фæстаг австриаг бригад фæстæмæ куы раздæхтис, уæд Суворов алыг кодта æфсад Панкисы рагъыл рахизын кæнын æмæ Рейсы дæлвæзы Римский-Корсаковы корпусы баззайæццæгты æрбаиу кæнын. Фæстаг фæлварæн уыдис Панкисы хохы сæрæй бынмæ æрхизын (уый сныв кодта фæстæдæр Суриков: «Переход Суворова через Альпы»). 1799-æм азы октябры райдайæны уырысы æфсад æрбахæццæ ис Австрийы сахар Фельдкирхмæ. Ууыл ахицæн Суворовы стæр Швейцаримæ. Æмбал кæмæн нæй, ахæм зындзинæдтæ æмæ лæгдзинадæй æххæст стæры тыххæй Суворовæн лæвæрд æрцыдис генералиссимусы чин. Уый уыдис Уæрæсейы цыппæрæм генералиссимус.
 
[[1800-æм азыаз]]ы [[14 январы]] æфсад рацыдис Уæрæсемæ. Фæндагыл Суворов фæрынчын ис æмæ æрлæууыдис йæ зæхмулкдон Кобрины. Император æм арвыста лейбмедик И.И. Вейпарты. Рынчыны уавæр куы фæхуыздæр, уæд рацыдис Бетырбухмæ. Хъуамæ йыл кадджын уавæры сæмбæлдаиккой, фæлæ та уый бæсты фæцис дам-думты амæттаг. Бетырбухы Суворов æрлæууыдис йе ’фсымæры чызджы лæг Д. Хвостовтæм. Павел I йæ нæ райста. Фæсарæнты йæ архайды тыххæй, дам, дзы дзуапп куы агуырдтой, уæд, дам, граф Кутайсовæн загъта: «Я готовлюсь отдать отчетотчёт Богу, а о государе я теперь и думать не хочу...». Граф Хвостовæн та, дам, афтæ зæгъы: «Митя, ведь ты хороший человек, не пиши стихов. А уж коли не можешь не писать, то, ради Бога, не печатай».
 
1800-æм азы [[6 майы]] йæ куыстæй банцадис генералиссимус Александр Суворовы зæрдæ. Баныгæдтой йæ [[Александр Невскийы лаврæйылаврæ]]йы Дæллаг Благовещенсчы аргъуаны[[аргъуан]]ы. Йæ ингæны къæйыл ис цыбыр фыст: «Ам хуыссы Суворов».
 
== Суворовы мысгæйæ ==
Рæнхъ 92:
[[Категори:Генералиссимустæ]]
[[Категори:Графтæ]]
[[Категори:Мæскуыйы чи райгуырдис, уыдон]]
[[Категори:Бетырбухы чи амардис, уыдон]]
 
[[az:Aleksandr Suvorov]]