Куырттаты ком: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Ныв:Cymyti.jpg|thumb|250px|Куырттаты ком. Цымыти æмæ (дæле) Уæллаг Фыййагдон]]
[[Ныв:Selenie Fiagdon.JPG|thumb|250px|Куырттаты ком. Уæллаг Фыййагдоны уынд]]
'''Куырттаты ком''' у [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Цæгат Ирыстоны Алагиры район|Алагиры районы]] хай. Комы цæуы [[Фыййагдон (цæугæдон)|Фыййагдон]] (Фыййаджы дон дæр æй хонынц), Уырдæм кæлынц Карцадон, Джизидон, Лæцыдон, Царитдон, Цъæззиуыдон, [[Дзамарас]] æмæ бирæ суадæттæ<ref name="myrz10">Мырзаганты Мухарбег. Мырзаганты фыдыуæзæг. Дз.: «Аланыстон», 1999. Ф. 10.</ref>. [[Дзывгъис]]æй дæлæмæ [[Быдыры Дзуарыхъæу]]ы онг Фыййагдоны фæйнæфарс зайынц [[бæлас|бæлæстæ]] ([[тæрс]], [[тулдз]], [[сусхъæд]], [[фатхъæд]], [[фæрв]], [[æхсæр]] æмæ æндæртæ).
 
Куырттаты комы бынæттон хиуынаффæйады администраци у [[Уæллаг Фыййагдон]]ы; уымæн цы хъæутæ хауы, уыдонæй цæрджытæ кæм ис, сты: Уæллаг Фыййагдон, [[Бæрзыхъæу]], [[Лæц]], [[Дæллагхъæу]], [[Уырыхъæу]], [[Цымыти (Алагиры район)|Цымыти]], [[Хидыхъус]], [[Хохы Дзуарыхъæу]], [[Хæрисджын]], [[Дзывгъис]] æмæ посёлок Хуссайраг. Æдæппæт ацы хъæуты цæры 1450 адæймаджы.