Галикарнасы мавзолей: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
EUvin (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
EUvin (ныхас | бавæрд)
чНет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Ныв:The_maussolleion_model_dsc02711-miniaturk_nevit.jpg|мини|300px|Миниатюр модель]]
'''Галикарнасы мавзолей''' у [[Кари]]йы паддзахиуæггæнæг Мавсолы зæппадз. Арæзт æрцыдис йæ ус Артемисия II-æмы бардзырдмæ гæсгæ нæ эрæйы агъоммæ IV æнусы Галикарнасы (ныртæккæйы [[Турк|Турчы]] сахар [[Бодрум]]).
Алы ахуыргонд грекъаг дæр буц æмæ сæрыстыр уыдиc Галикарнасæй — «историйы фыд» [[Геродот]]ы райгуырæн сахарæй. Номдзыд ахуыргонд ам арвыста йе ’взонджы бонтæ, ам тох кодта тиранийы ныхмæ, ардыгæй . фæхауæггаг тиранийы аххосæй.
 
Сахар уыди [[Чысыл Ази]]йы, денджызы былгæрон (ныртæккæ хауы Туркмæ, йæ ном хуыйны Бодрум). Нæ эрæйы 377–352 азы дзы паддзахиуæг кодта Мавсол. Курдиатджын дипломат дардта æххуырсгæ флот æмæ æфсад æмæ байста Чысыл Азийы хуссар-скæсæйнаг хай æнæхъæнæй. Йæхæдæг кариаг (хеттæгты мыггагæй) уæвгæйæ архайдта грекъаг философи парахат кæныныл. Йæ сахары сарæзта, æгас дунейы дæр æмбал кæмæн нæй, ахæм галуантæ, кувæндæттæ.
Рæнхъ 13:
Мавзолей рауад æвирхъау рæсугъд. Йæ архитектурæйы сиу сты æртæ стилы: дориаг, ионаг æмæ коринфаг. Ацы бæстыхай хъуамæ уыдаид зæппадз дæр æмæ кувæндон дæр. Æртæ æддæгуæлæ хайæ алкæмæн дæр уыд йæхи нысан: урс мармæрæй амад пьедесталыл лæууыдысты егъау цæджындзтæ, уыдоныл — пирамидæхуыз цар, пирамидæйы цъуппыл та егъау скульптурæ — цыппар бæхы дыдзæлхыг уæрдоны ифтыгъдæй, уæрдоны — Мавсол æмæ Артемисия. Зæппадзы бæрзæнд уыди 46 метры, йæ дæлбазыр — домбæйтты æмæ барджыты дурнывтæ. Проект сарæзтой номдзыд архитектортæ Пифей æмæ Сатир. Уæды рæстæджы дæсныдæр нывгæнджытæ æзхуыздæрбакусонæй ерыс кодтой бæстыхай амайгæйæ. Скопас ын арæзта йе скæсæйнаг фарс æмæ дзы равдыста грекъæгты тох амазонкæтимæ. Ацы фарсæн йæ иу стыр хай нæ фехæлд, æмæ абоны фæлтæртæ дисгæнгæйæ фæкæсынц номдзыд скульпторты нывтæм. Рагон историктæ куыд фыссынц, афтæмæй зæппадзы иннæ фæрстыл нывгонд уыдысты Тесей æмæ Пелопс алы хуызты, стæй кентавртæ æмæ лапифтæ. Мавсол æмæ Артемисияйы скульптурæ та, дам, Пифейæн йæхи конд у. Нырыккон ахуыргæндтæ та æндæр хъуыдыйыл хæст стьк йæ автор, дам, у Биаксис.
 
Мавзолей фæлæууыди 19XIX æнусы. XIII æнусы зæххæнкъуыст æй тынг нæ бахъыгдардта, фæлæ йæ XV æнусы фехæлдтой родосаг рыцæртæ — йæ дуртæ йын фæластой Сыгъдæг Петры фидар аразгæйæ. XIX æнусы археологтæ ссардтой Мавзолейы баззайæццæгтæ. Уыдон ныр æфснайд сты [[Британийы музей]]ы.
 
[[Категори:Рагон дуне]]