Хуыгаты Геор: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
ч обычно „бирæ азты“ вроде
Рæнхъ 3:
 
Геор райгуырд 1922 азы 21 апрелы Ногиры, ам каст фæцис астæуккаг скъола.
[[1939]]-æм азы Хуыгайы-фырт у Цæгат Ирыстоны театралон училищейы (студийы) студент. [[1942]]-æм азы сси [[Ирон театр]]ы актёр. [[1947]]-æм азы ахуырмæ бацыдис А. Луначарскийы номыл [[Театралон аивады паддзахадон институт]]мæ (ТАПИ) режиссурæйы хайадмæ. Институт каст куы фæци, уæд раздæхти йæхи театрмæ æмæ райдыдта кусын режиссёрæй. Бирæ азыазты куыста йæ аивадон разамонæгæй.
 
Йе ’взонджы бонты Хуыгайы-фырт фыста æмдзæвгæтæ æмæ уацаутæ. Ахæм сфæлдыстад ахъаз фæци йæ сæйраг профессийæн. Йæ фыццаг уацымыстæ уыдысты [[æмдзæвгæ]]тæ æмæ [[уацау]]тæ, 40—50-æм азты мыхуыры цыдысты журнал («[[Мах дуг (журнал)|Мах дуджы]]»). Георы æмдзæвгæ «Дыууæ фыстæджы» музыкæмæ авæрдтой — уый сси популярон зарæг, цыма адæмон зарæг, æмæ бацыди ирон адæмон сфæлдыстады антологимæ.