|
|
== Зонадон архайд ==
Хайям математикæмæ хай бахаста, «Ал-джебрæ æмæ ал-мукабæйы проблемæты райхæлдтыты тыххæй трактат», зæгъгæ, йæ уыцы уацмысæй. Ацы чиныджы радзырдæуыд канд квадратон æмбæрцæдты райхæлды тыххæй нæ, фæлæ ма кубонты дæр. Хайямы агъоммæ зындонд уыдиуыдис Архимеды геометрион метод: æбæрæг нымæц нывгонд чындичындис, дыууæ конусон лыгуæттæ кæрæдзи кæм æрлыг кæнынц, уыцы стъæлфы хуызы. Хайям скодта бындур уыцы методæн, сарæзта æмбæрцæдты типты классификаци, стæй конусон лыгуæтты тип равзарыны алгоритм. Уымæй уæлдай ма равдыста æвæрццæг уидæгты нымæц æмæ сæ асты аргъ. Хъыгагæн, Хайям нæ бафиппайдта, кубон æмбæрцадæн гæнæн ис æмæ уа æртæ буаргъæдон уидаджы.
Омар цы къæлиндар сарæзта, уымæй Ираны пайда кæнынц 1079-æм азæй фæстæмæ.
|