Туг исын: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
Dziglo (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 8:
 
{{цитатæ|
Особайы заман ирон лæгæн амарын æмæ амæлын синонимтæ уыдысты: абон искæйыискæй маргæйæ, уый зыдта, йæхи дæр ын кæй амардзысты, райсом куы нæ уа, уæд иннæбон, кæнæ къуырийы фæстæ}} ([[Хетæгкаты Къоста]], «Особа»).
 
Нырма-иу марды нæма бавæрдтой, афтæ-иу марæгыл кæуын байдыдтой. Хъæубæстæ тæфæрфæс кæнынмæ цыдысты сæ дыууæтæм дæр: марды бинонтæм дæр æмæ марæджы хæдзармæ дæр. Иу марды фæстæ-иу дыууæты ’рдыгæй дæр æрцыдис бирæ мæрдтæ. Бирæ ирон мыггæгтæ-иу дæсгай азты дæргъы туджджынтæй баззадысты, æмæ афтæмæй сæфтысты уыцы мыггæгты хуыздæртæ. Туг исыны цаутæ фæкъаддæр кæнынмæ тырнгæйæ, ирон æхсæнад æнусты дæргъы сфæлдыста бирæ æгъдæуттæ туг исыны хъуыддагæн кæрон скæныны тыххæй. Арæхдæр дзы æмбæлдысты: марæджы мыггаг-иу туджы аргъ бафыста; марæджы мыггаг-иу марды мыггагæй йæхицæн лæппу скодта; марæджы мыггагæй-иу туджы аргъы хуызы моймæ лæвæрдтой чызг æфхæрд баййафæг мыггагмæ; кæй-иу амардтой, уый мад-иу марæгæй йæхицæн лæппу скодта æмæ афтæ дарддæр.