Джусойты Нафи: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 4:
== Цардафыст ==
 
Джусойты Нафи райгуырдис [[1925]] азы зымæджы, Дыккаг Нафы бон, [[27 февралы]] [[Къуыдаргом]]ы, хъæу [[Хæрдысæр]]ы ныры [[Хуссар Ирыстоны Дзауы район|Дзауы районы]]ы.
 
Райдиан скъола каст фæцис хъæу [[Кæсагджын]]ы, астæуккаг скъола та – [[Киров (Хуссар Ирыстон)|Кировы]] [[1941]] азы [[20 июны]].
Рæнхъ 10:
1941 азы [[22 июны]] райдыдта [[Фыдыбæстæйы Стыр хæст]]. Джусойты Нафи ацыд барвæндæй [[Сырх Æфсад|Сырх Æфсадмæ]] иу мæйы фæстæ – [[24 июлы]].
 
Советон Æфсады рæнхъытæй демобилизацигонд æрцыдис [[1945]] азы ноябры кæрон. 1945 азы [[25 декабры]] ист æрцыдис куыстмæ [[Хуссар Ирыстон]]ы Компартийы Обкоммæ кадрты куысты фæдыл инструкторæй. Фæкуыста дзы [[1947]] азы мартымартъийы мæймæ, стæй нысангонд æрцыд облæсты газет «Коммунист»-ы [[цензурæ|цензорæй]]. Фæкуыста дзы [[1949]] азы мартъийы мæймæ, стæй йæ сфидар кодтой [[Гуырдзыстоны ССР]] Компартийы газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй Хуссар Ирыстоны. Ам фæкуыста [[1949]] азы ноябрмæ, стæй райдыдта ахуыр кæнын [[ССРЦ]] Зонадон Академийы Уырыссаг литературæйы институты ([[Пушкины хæдзар]]ы) [[аспирантурæ|аспирантурæйы]]. Каст æй фæци [[1953]] азы декабры. Бахъахъхъæдта кандидатон диссертации (темæ: «Проблема Кавказа в русской литературе и в творчестве К. Хетагурова») 1953 азы ноябры мæйы æмæ уый фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæ Хуссар Ирыстонмæ. [[1954]] азы [[15 февралы]] райдыдта кусын [[Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасæн институт]]ы ирон фольклор æмæ литературæйы хайады сæргълæууæгæй, æмæ уæдæй абонмæ кусы уыцы бынаты.
 
[[1968]] азы декабры Джусойты Нафи бахъахъхъæдта докторы диссертации («История осетинской литературы дореволюционного периода») [[Мæскуы]]йы [[Максим Горькийы номыл дунеон литературæйы институт]]ы. [[1988]] азы æвзæрст æрцыдис [[Гуырдзыстоны Зонæдты Академи]]йы уæнг–уацхæссæгæй, фæлæ [[1990]] азы рацыдис уыцы Академийæ, Гуырдзыстоны гæрзифтонг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстонмæ бырсыныл кæй ардыдта, уый тыххæй.