Нартæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Ambalon (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: '''Нартæ''' _ ирон æмæ æндæр кавказаг адæмтæй бирæты эпикон кадджыты хъайтартæ. Н...
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 08:02, 31 майы 2011

Нартæ _ ирон æмæ æндæр кавказаг адæмтæй бирæты эпикон кадджыты хъайтартæ. Нарты фæлгонцты зынынц мифологион персонажты æууæлтæ, ирон адæмНарты сæ фыдæлтæ хонынц, бæрæг хуызы сын абарæн ис фыццаг адæймæгты мифологион знæмимæ.

Нарты кадджыты Нарты æхсæнады ис æртæ мыггаджы Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæ. Алы мыггагмæ дæр дзы ис, иннæтæй йæ чи хицæн кæны, ахæм миниуджытæ: фыццæгтæ хицæн кæнынц сæ куырыхон зондæй, Нарты Уацамонгæ дæр уыдоны у; дыккæгтæ — лæгдзинадæй; адон сты, эпосы сæйрагдæр хъайтартæ кæмæй рацыдысты, уыцы мыггаг; æртыккæгтæ — æнæнымæц фосы дзугтæй æмæ бæхрæгъæуттæй. Нарты мыггæгты ахастдзинæдтæ ирон эпосы сты ныхмæдзыд. Нарт иумæ цæуынц стæрты, иумæ бадынц иннæбонæй-иннæбонмæйы куывдты, кæрæдзиимæ бахæстæг кæнынц, фæлæ 1посы кæрæй-кæронмæ бæрæг дары æнæмынæггæнгæ хæрамдзинады мотив Æхсæртæггатæ æмæ Борæты æхсæн (Батырадз амардта Борæты мыггаджы хистæр Борæфæрныджы æмæ йын ныццагъта йæ авд фырты), Æхсæртæггатæ æмæ Алæгаты æхсæн (Сослан мæнгардæй амардта, хъаруйæ æгас нартмæ æмбал кæмæн нæ уыд, уыцы æрыгон Тотырадзы — Алæгаты мыггаджы иунæг хъайтары).

Вазыгджын сты Нарты мыггæгты ахастдзинæдтæ æрмæст кæрæдзиимæ нæ, фæлæ уæларвцæрджытæ æмæ эпосы иннæ дзуæрттæ æмæ дауджытимæ дæр. Нартæй иуæй-иутæ æввахс хæстæг æййафынц уæларвцæрджытимæ æмæ æндæр дзуæрттимæ. Зæгъæм, Дзерассæ у Донбеттыры чызг. СатанаУастырджийы чызг, Сослан иуæй-иу варианттæм гæсгæ у Уастырджийы фырт, фаззон æфсымæртæ Уырызмæг æмæ Хæмыц сты Донбеттыры хæрæфырттæ, Уырызмæджы фырты хъомыл кæнынц уæларвцæрджытæ — Сафа æмæ Фæлвæра; Куырдалæгон йæ æрвон куырдадзы бахсыста Сослан æмæ Батырадзы, Хуры чызг Ацырухс у Сосланы бинойнаг.

Нартæ уæларвцæрджытæм арæх вæййынц уазæгуаты. Уæларвцæрджытæ та арæх фæбадынц æмæ фæминас кæнынц Нартæн се ‘рдхæрæны куывдты. Фæлæ уæддæр ахæм ахастдзинæдтæ Нарты, уæлдайдæр та Батырадзы, нæ хъыг дарынц уæларвцæрджытимæ тох кæнын æмæ сæ къордгай цæгъдын (иу хатт, цуанæй æрцæйцæугæйæ, Батырадз амардта Авд Уастырджийы, авд Уациллайы æмæ а.д.)

Сæхи Хуыцауы æмбар банымайгæйæ, Нарт Хуыцауы сæхимæ схæрам кодтой. Хуыцау сæ карзæй бадомдта, цæмæй сæ хъысмæт сæхæдæг равзарой. Нарт æнусты царды бæсты равзæрста æнусты кад.

"Нарт у диссаджы легендарон дунейы фæлгонц; ахæм хъомысджын æргомдзинад æмæ йæ пластикон тыхæй сфæлдыстæуыд, æмæ нын у зынаргъ æмæ æнцонæмбарæн, стыр кады аккагыл нымайæм йе сфæлдисæг адæмы поэтиклн курдиат" (Абайты Васо.)