Уацамонгæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Ambalon (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: '''Уацамонгæ''' — ''Ацамонгæ'', ''Амонгæ'', ''Нартамонгæ'' — диссаджы къусы ном [[Нарт...
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 08:13, 31 майы 2011

УацамонгæАцамонгæ, Амонгæ, Нартамонгæ — диссаджы къусы ном Нарты кадджыты.

Уацамонгæйы дарынц Алæгаты хæдзары, Нарты æмбисонды куывдтæ дæр адонмæ вæййынц, куывды сæйрагдæр æгъдæуттæй иумæ гæсгæ, хъуамæ Нарт радзырдтаиккой се сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Уацамонгæйы фæлгонц нарты эпосы удгоймаджы сурæты уагыл арæзт у, нымад цæуы эпосы хицæнхуыз персонажыл. Ис æм нарты хъæбатырты лæджыхъæд рабæрæг кæныныны хъомыс. Стыр сгуыхтдзтнæдтæ равдисæг нарты хъæбатыртæй-иу йæ лæгдзинады тыххæй куывды бон раст чи радзырдтаид, уымæн-иу йæ былтæм æмбисонды Уацамонгæ йæхæдæг йæхи систа.