Нартæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Ambalon (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: '''Нартæ''' _ ирон æмæ æндæр кавказаг адæмтæй бирæты эпикон кадджыты хъайтартæ. Н...
 
Ambalon (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
'''Нартæ''' _ ирон æмæ æндæр кавказаг адæмтæй бирæты эпикон кадджыты хъайтартæ. Нарты фæлгонцты зынынц мифологион персонажты æууæлтæ, [[ирон адæм]]Нарты сæ фыдæлтæ хонынц, бæрæг хуызы сын абарæн ис фыццаг адæймæгты мифологион знæмимæ.
 
[[Нарты кадджытæ|Нарты кадджыты]] Нарты æхсæнады ис æртæ [[мыггаг|мыггаджы]] [[Алæгатæ]], [[Æхсæртæггатæ]] æмæ [[Борæтæ]]. Алы мыггагмæ дæр дзы ис, иннæтæй йæ чи хицæн кæны, ахæм миниуджытæ: фыццæгтæ хицæн кæнынц сæ куырыхон зондæй, Нарты [[Уацамонгæ]] дæр уыдоны у; дыккæгтæ — лæгдзинадæй; адон сты, эпосы сæйрагдæр хъайтартæ кæмæй рацыдысты, уыцы мыггаг; æртыккæгтæ — æнæнымæц фосы дзугтæй æмæ бæхрæгъæуттæй. Нарты мыггæгты ахастдзинæдтæ ирон эпосы сты ныхмæдзыд. Нарт иумæ цæуынц стæрты, иумæ бадынц иннæбонæй-иннæбонмæйы куывдты, кæрæдзиимæ бахæстæг кæнынц, фæлæ 1посы кæрæй-кæронмæ бæрæг дары æнæмынæггæнгæ хæрамдзинады мотив Æхсæртæггатæ æмæ Борæты æхсæн ([[Батырадз]] амардта Борæты мыггаджы хистæр [[Борæфæрныг|Борæфæрныджы]] æмæ йын ныццагъта йæ авд фырты), Æхсæртæггатæ æмæ Алæгаты æхсæн ([[Сослан]] мæнгардæй амардта, хъаруйæ æгас нартмæ æмбал кæмæн нæ уыд, уыцы æрыгон [[Тотырадз]]ы — Алæгаты мыггаджы иунæг хъайтары).