Андтæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Рæнхъ 218:
== Бæстыхъæд ==
=== Цæгаты Андтæ ===
Андты цæгатаг хай хауы цæгат æрдæгтымбылы субæкваториалон ронмæ; ам раст куыд хуссар æрдæгтымбылы субæкваторилон роны бæрæггонд цæуы уымæл æмæ хус сезонты ивындзинад; дæлдзырæдтæ æркæлынц майæ ноябрмæты, тæккæ цæгатаг районты уымæл сезон цыбырдæр вæййы. Скæсæйнаг фæхстæ бирæ тынгдæр цæуынц уымæлгонд ныгуылæйнæгтæй; дæлдзырæттæ ({{lang-ru|осадки}}) (азмæ 1000 мм бæрц) æруарынц фылдæр сæрды. Карибы Андтæ лæууынц тропикон æмæ субэкваториалон рæтты арæныл æмæ дзы нæхъæн аз æлдариуæг кæны тропикон уддзæф; ам дæлдзæрæттæ гыццыл сты (арæх азмæ 500 мм къаддæр); цæугæдæттæ цыбыртæ, характерон сæрдыгон ивылдтытимæ.
 
Экваториалон роны сезонон æнкъуыстытæ зæгъæн ис æмæ сæхи не ’вдисынц; афтæ Эквадоры сæйраг сахар [[КиотоКито]]йы æхсæнмæйон температурæты ивд азмæ дæтты æрмæст 0,4 °C. Дæлдзырæттæ арæх сты (2500-7000 мм азмæ, хаттæй-хатт хæццæ кæнынц 10000 мм) æмæ фæхстыл æмбæрцдæр уæрст сты субэкваториалон ронимæ абаргæйæ. Дырысæй бæрæг у уæлбæрзондмæ гæсгæ климæтон рæттыл дихдзинад. Хæхты дæллаг хайы — тæвд æмæ уымæл бæстыхъæд ({{lang-ruома|бæстыхъæд|климат}}), дæлдзырæттæ вæййынц æрвылбон; ныллæг рæтты бирæнымæцон цыфдзæстытæ. Бæрзондимæ дæлдзырæтты нымæц къаддæрæй къаддæр кæны, фæлæ уыимæ рæзы миты æмбæрзты хъомыс. 2500-3000 м бæрзондмæ температурæ стæмхатт æрхауы 15 °C къаддæр, сезонон æнкъуыстытæ чысыл сты. Фæлæ ам боны дæргъы температурæйы æнкъуыстытæ дзæвгар сты (20 °C бæрц), боныхъæды бон у суткæмæ цæхгæрмæ аивын. 3500-3800 м бæрзæндтыл суткæйы температурæтæ æнкъуысынц 10 °C нысаны цур. Уæлдæр хæхтæм — тызмæг бæстыхъæд, арæх миты тыхдымгæтæ æмæ митуæрдтытæ; боны температурæтæ сьы 0 °C уæлдæр, фæлæ талынгæй æрцæуынц тыхджын ирдгæтæ ({{lang-ru|заморозки}}). Бæстыхъæд хус уымæн у æмæ стыр байсыстимæ æруары гыццыл дæлдзырæттæ. 4500 м уæлдæр — æнусон миттæ.
 
=== Централон Андтæ ===