Сиддхартха Гаутама: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 17:
Йæ бынтæ ныууадзгæйæ йæ царды нысан сæвæрдта тухитæй куыд фервæзæн ис, уый базонын. Райдыдта ахуыр кæнын [[Йогæ|йогикон]] [[медитаци]] дыууæ цардиппæрд [[брахман]]ы разамындмæ гæсгæ æмæ кæд ацы хъуыддаджы уæллоз къæпхæнтæм схызтис, уæддæр йæ куыст нымадта æнæнтыстыл.
 
Йæхиуыл скодта цæугæцардгæнæг моладзаны дзаума æмæ араст ис хуссар-скæсæны Индимæ. Райдыдта тызмæг цардиппæрды цардыл ахуыр кæнын æмæ йæхи тухæнæй марын. Æхсæз азы фæстæ мæлæты дуарыл лæугæйæ фæхатыд, тызмæг [[аскезæ|аскезон]] методтæ ногæй йын кæй ницы дæттынц. Уæд ныууагъта йæ буар удхарæй марын æмæ афтид [[медитаци]] йæ куыст скодта, æмæ рабæрæг кодта [[астæуккаг фæндаг]] — хи домæнтæ дæр иууыл æххæст кæнынмæ ма бæллын æмæ дæхи удхарæй дæр ма марын. Легъуибæласы[[Легъуибæлас]]ы бын сбадти (уый тыххæй ацы бæласы райдыдтой хонын [[Бодхийы бæлас]]), æмæ ард бахордта, уæлæмæ кæй нæ сыстдзæн, цалынмæ æцæгдзинад нæ базона, уæдмæ. Æнæнхъæлæджы йæм æрцыди куырыхон зонд. Уæдæй фæстæмæ йæ хонын райдыдтой Буддæ. Уый у санскритаг дзырд æмæ амоны: Рухс зонды хицау. Афтæмæй «Райхъал ис», майы мæй цалхыдзаг куы уыд, уыцы рæстæг. Уæд ыл цыдис 35 азы. Уæд æй райдыдтой хонын Гаутама Буддæ кæнæ афтиддæр «Будда». Йæ хъуыдытæ Буддæ парахат кодта, цæугæдон Гангы был цы сахар уыд, уым — Бенарессы. Йæ хъуыдыты апп та арæзт у цыппар хайæ, цыппар фарнхæссæг къабазæй:
 
# Дунейыл алцы дæр кæны ивгæ-ивгъуыйгæ, уымæ гæсгæ цард йемыдзаг у хъизæмæрттæй, хъыгæй, фыдохæй.