Коцойты Арсен: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч r2.6.4) (Робот Аиуварс: it:Arsen Borisovič Kocoev
чНет описания правки
Рæнхъ 8:
Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхтис Джызæлмæ æмæ бавдæлдис фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. [[1895]] азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.
 
Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон [[газет|газеттæ]] æмæ журналты [[Тбилис]]ы (Калачы), [[БетырбухБетъырбух]]ы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: ''Арсен Дарьяльский'', ''Хабос'', ''Иунæг'', ''Габойты Габо'', ''Ар.'').
 
[[1910-æм аз]]ы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл [[Тбилис]]ы уагъта алкъуырион журнал «[[Æфсир (журнал)|Æфсир]]», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры<ref>Четиты Рубен. Ирон мыхуыры фыццаг фæлварæнтæ. // «Рæстдзинад», 1997 азы 14 январы</ref>, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены [[радзырд|радзырдтæ]] ирон æвзагыл.
 
«Æфсир» æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта БетырбухмæБетъырбухмæ. Куыста дзы [[Ленин]]ы [[Правда (газет)|газет «Правдайы»]] корректорæй (ома [[уырыссаг æвзаг]] афтæ хорз зыдта).
 
«''Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй''», — фыста Коцойы фырты уацмысты тыххæй [[Джыккайты Шамил]]. Йæ цалдæр радзырдты фыссы [[туг исыны æгъдау]]ыл: цал æмæ цал фыдæбæттæ хаста уый [[ирон адæм]]æн. «''Нæ фыдбылызты фыддæр''», — афтæ схуыдта Арсен [[ирæд|ирæды]] («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.