Болгайраг æвзаг: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
KamikazeBot (ныхас | бавæрд)
ч r2.7.1) (робот фæивта: sco:Bulgarie leid
Нет описания правки
Рæнхъ 24:
}}
'''Болгайраг æвзаг''' (''Български език'', [[IPA]] {{IPA|[ˈbɤlgarski ɛzˈik]}}) у [[болгайраг адæм]]ы мадæлон æвзаг. Уый у хуссар къорды [[славяйнаг æвзæгтæ|славяйнаг æвзаг]]. Дзурынц ыл 9 милуан адæймаджы<ref name="ethno"/> (æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ — 11 милуанæй фылдæр<ref name="krug"/>).
 
Болгарийы мидæг болгайраг æвзаг «бирæцентрон» æвзагыл нымад у — ис ын, дам, æртæ литературон формæйы: болгайраг, [[Македойнаг æвзаг|македойнаг]] æмæ банатаг. Сыхагон [[Македони]]йы сæхи æвзаг нымайынц хицæн æвзагыл, кæд æмæ болгайраг æвзагмæ тынг хæстæг у, уæддæр.
 
== Алфавит ==
Болгари уыд кириллон алфавитæй фыццаг пайдагæнæг паддзахад. Рагондæр кириллон фыст болгайраг паддзах Самуилы бардзырдмæ гæсгæ конд у [[993-æм аз]] азыы, ссардтой йæ Македонийы [[XIX æнус]]ы кæрон.
 
Болгайрагау фыстæуы [[кириллон алфавит]]æй, уырыссаг абетæйæ хъауджыдæр болгайраг алфавиты нæй дамгъæтæ Ё, Э, Ы (ома, алфавиты раст 30 дамгъæйы ис); дамгъæ Ъ та нысан кæны хъæлæсон мыр {{IPA|[ɤ]}}, [[ирон æвзаг|ирон]] /ы/-мæ хæстæг. Мæнæ уыцы алфавит æмæ йæ дамгъæты транскрипци:
Строка 44 ⟶ 46 :
 
== Хицæндзинæдтæ ==
[[Ныв:ZographensisColour.jpg|thumb|Рагон болгайраг æвзаджы дæнцæг, [[глаголицæ]]йæ фыст. X-XI æнус]]
Болгайраг æвзаг иннæ славяйнаг æвзæгтæй цæмæй хицæн кæны:
* [[хауæн]]ты системæ дзы фесæфти ([[гуырынон хауæн|гуырынон]] æмæ [[дæттынон хауæн|дæттынон]] хауæнтæ баззадысты æрмæст [[номивæг|номивджыты]]);
Строка 52 ⟶ 55 :
 
Кæд [[тюркаг æвзæгтæ|тюркаг]] дзырдтæ болгайраг æвзагæй барæй-иу аивтой, уæддæр дзы бирæ баззад, уыимæ арæх дзырдтæ дæр (зæгъæм ''маса'' «фынг» у [[туркаг æвзаг|туркаг]] дзырд).
 
[[Ныв:ZographensisColour.jpg|thumb|Рагон болгайраг æвзаджы дæнцæг, [[глаголицæ]]йæ фыст. X-XI æнус]]
 
{{къæртт-æвзаг}}
 
== Фиппаинæгтæ ==
{{фиппаинæгтæ}}