Галикарнасы мавзолей: различия между версиями
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Luckas-bot (ныхас | бавæрд) ч r2.7.1) (Робот баххæст кодта: oc:Mausolèu d'Alicarnàs |
Нет описания правки |
||
Рæнхъ 1:
[[Ныв:The_maussolleion_model_dsc02711-miniaturk_nevit.jpg|мини|300px|Миниатюр модель [[Стамбул]]ы парк «Миниатюрк»-ы]]
'''Галикарнасы мавзолей''' у [[Кари]]йы паддзахиуæггæнæг
Алы ахуыргонд грекъаг дæр буц æмæ сæрыстыр уыдиc Галикарнасæй — «историйы фыд» [[Геродот]]ы райгуырæн сахарæй. Номдзыд ахуыргонд ам арвыста йе ’взонджы бонтæ, ам тох кодта тиранийы ныхмæ, ардыгæй фæхауæггаг тиранийы аххосæй.▼
▲Алы ахуыргонд грекъаг дæр буц æмæ сæрыстыр уыдиc Галикарнасæй — «историйы фыд» [[Геродот]]ы райгуырæн сахарæй. Номдзыд ахуыргонд ам арвыста йе ’взонджы бонтæ, ам тох кодта тиранийы ныхмæ, ардыгæй фæхауæггаг тиранийы аххосæй.
Сахар уыди [[Чысыл Ази]]йы, денджызы былгæрон
Мавсолы амарды фæстæ паддзахы къæлæтджын бацахста йæ ус Артемисия II.
Артемисия йæ лæг Мавсолы тынг кæй уарзта, уый тыххæй фыстой историктæ Плиний æмæ Геллий. Мавсол, дам, куы амард, уæд ын йæ ус скодта стыр хист. Лæджы буар басыгътой. Йæ фæныкыл ын духи æмæ дон ныккодтой, æмæ йæ Артемисия банызта. Валери Максим фыссы: усы фæндыд йæ лæгæн цардæгас цырт фестын. Ноджы йын саразын кодта адæмæн æмбисонды зæппадз. Уый нымад æрцыди [[Дунейы авд диссаджы|дунейы фæндзæм диссагыл]]. Дзырд «мавзолей» дæр Мавсолы номæй равзæрд. Артемисия йæ цæргæбонтæ арвыста йæ лæгыл хъыггæнгæйæ, мæрдтæм дæр æй хъыг батардта.
Рæнхъ 13:
Мавзолей рауад æвирхъау рæсугъд. Йæ архитектурæйы сиу сты æртæ стилы: дориаг, ионаг æмæ коринфаг. Ацы бæстыхай хъуамæ уыдаид зæппадз дæр æмæ кувæндон дæр. Æртæ æддæгуæлæ хайæ алкæмæн дæр уыд йæхи нысан: урс мармæрæй амад пьедесталыл лæууыдысты егъау цæджындзтæ, уыдоныл — пирамидæхуыз цар, пирамидæйы цъуппыл та егъау скульптурæ — цыппар бæхы дыдзæлхыг уæрдоны ифтыгъдæй, уæрдоны — Мавсол æмæ Артемисия. Зæппадзы бæрзæнд уыди 46 метры, йæ дæлбазыр — домбæйтты æмæ барджыты дурнывтæ. Проект сарæзтой номдзыд архитектортæ Пифей æмæ Сатир. Уæды рæстæджы дæсныдæр нывгæнджытæ æзхуыздæрбакусонæй ерыс кодтой бæстыхай амайгæйæ. Скопас ын арæзта йе скæсæйнаг фарс æмæ дзы равдыста грекъæгты тох амазонкæтимæ. Ацы фарсæн йæ иу стыр хай нæ фехæлд, æмæ абоны фæлтæртæ дисгæнгæйæ фæкæсынц номдзыд скульпторты нывтæм. Рагон историктæ куыд фыссынц, афтæмæй зæппадзы иннæ фæрстыл нывгонд уыдысты Тесей æмæ Пелопс алы хуызты, стæй кентавртæ æмæ лапифтæ. Мавсол æмæ Артемисияйы скульптурæ та, дам, Пифейæн йæхи конд у. Нырыккон ахуыргæндтæ та æндæр хъуыдыйыл хæст стьк йæ автор, дам, у Биаксис.
Мавзолей фæлæууыди
[[Категори:Рагон дуне]]
|