Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
HRoestBot (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
'''Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет''' у [[Хуссар Ирыстон]]ы сæйраг [[университет]]. Университеты бæстыхай стыр зиан баййæфта [[Хуссар Ирыстоны Хæст (2008)|2008-æм азы августы хæсты]] рæстæг.
 
== Ахуыргæнæндоны сырæзт æмæ фыццаг азтæ ==
[[Хуссар Ирыстон]]ы уæлдæр ахуырад райрæзыны хъуыддаг райдыдта, ирон адæмы историйы фыццаг педагогон институт бакæнынæй.
 
[[ХХ-æм æнусыæнус]]ы [[1920-тæ|20-æм азты]], куыд уæды [[Советон Цæдис]]ы алы рæтты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр райдыдтой ирон адæмы монон царды бындурон ивддзинæдтæ, уæды барæнтæм гæсгæ йæ куыд хуыдтой, афтæ, ома «культурон революци», принципиалон æгъдауæй ног формæ райста скъолаты ахуыры ног системæ, райтынг ис иумæйагахуырадон скъолаты арæзтад рæзгæ фæлтæрæн, культурон уагдæттæ, адæмæн кæсын-фыссын бацамоныны пункттæ.
 
Рæстæг барджынæй амыдта, фыццаг рады, специалисттæ бацæттæ кæнын, облæсты иумæйагахуырадон скъолатæн педагогон кадртæ, æмæ комкоммæ ирон æвзаг паддзахадон аппараты æмæ адæмон ахуырады системæйы ныббиноныг кæныны хъуыддаджы райдиан.
 
Бæрзондквалификациджын кадртæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы æнæмæнгхъæугæ уыд [[Хуссар Ирыстоны автономон бæстæ|облæсты]] адæмон хæдзарад райрæзын кæнын. Адæмон коммунистон рухсад (наркомпрос) тагъд кодта ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныныл, куыд «ахуырадон æмæ адæмон-хæдзарадон пъланты иууыл ахсджиагдæр хæс», афтæ.
 
[[1931 азыаз]]ы [[19-æм сентябры]] ауагъдæуыд Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырады облæстон хайады сæрмагонд рабадт, цыран большевикты Æппæтцæдисон Коммунистон партийы [[1931 азыаз]]ы [[11-æм ноябры]] уынаффæмæ гæсгæ рахаста фæндон, цæмæй г. [[Цхинвал|Сталиниры]] конд æрцæуа педагогон институт. Коллеги организацион-техникон куыстыты тыххæй равзæрста комитет Тыбылты Алыксандры сæргълæудæй. Комитеты скондмæ бацыдысты: Адæмон ахуырады облæстон хайадæй (Исакова А.), Централон Æххæстгæнæн Комитетæй (Битеты В.), партион Комитетæй (Гасситы И.) æмæ совпрофцæдистæй (Гæззаты Г.).
 
[[1932 азыаз]]ы [[1-æм январы г.]] Сталиниры кадджын уавæры байгом ис педагогон институты фыццаг курс дыууæ хайадимæ: агробиологи æмæ физикон-математикон хайæдтæ. Студенттæ та уыдысты 20 адæймаджы. Курс уыдис æртæазон. Уæлрадон уавæртæ домдтой, цæмæй институтмæ истаиккой авд къласы ахуыр кæмæ уыд, ахæмты. 1931 азы фыццаг курсмæ бахастæуыд 31 курдиаты.
 
Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдæр скъола бакæнæн уыд раздæр дæр, фæлæ нæ [[Гуырдзыстон]]ы меньшевикон хицауады 1917–1921 азты знагиуæгон хæст бахъыгдардта. Нæхи бынæттон кадртæ нæм кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ хицауады æмбæлон оргæнты бахъуыдис нæ бæстæйы æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй специалистты æрхоныны сæр.