Тигр: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
Xqbot (ныхас | бавæрд)
ч r2.7.2) (робот фæивта: sw:Chui milia; косметические изменения
Рæнхъ 272:
Хъомыл тигртæ — территориалон сырдтæ сты, цæрынц иунæгтæй æмæ тызмæгæй хъахъхъæнынц сæ территоритæ. Сæ приватон зæххытæ тигртæ фæбæрæг кæнынц аллыхуызон мадзæлттæй. Территорийы бæрæггæнæн индивидуалон тæфæй у тигрты коммуникацийы сæйрагдæр фæрæзтæй иу. Мизынцагæй нысæнттæ тигртæ ныууадзынц сæйрагдæр вертикалон фæзойтыл: бæлæсты зæнджытыл, къæдзæхтыл, хибарæй лæуугæ къудзитыл æмæ а.д. Уыимæ тигр сысмуды дзаумамæ, стæй йæм чылдымырдæм разилы, къæдзил сисы вертикалон уæлæмæ. Мизынцъаг æддæмæ æппæрст æрцæуы пырхгонд цæхъалæй фæстæмæ, 30 см дæргæй кæнæ хæстæгдæрæй.<ref name="Udakov"/> Мизынцъагæй нысæнттæ вертикалон фæзойтыл тигртæ фæкæнынц зæххы æмвæзæй 60-125 см уæлдæр. Ноджы ма тигртæ нысан кæнынц территори мит кæнæ мæр хъæмпус кæнгæйæ.<ref name="Udakov"/> Тигртæ ма сæхи фæхафынц бæлæстыл æмæ сын сæ зæнгтæ цъæрæмыхст фæкæнынц.
 
Приватон территорийы бæрц тынг æнкъуысы цæрæнранмæ, æфтиагмæ гæсгæ, нæлтæн та ма ацы бынаты цал сылы цæры уымæй дæр ма. Сыл тигрæн йæ территори арæхдæр вæййы иу 20 км², нæлты территоритæ та сты дзæвгар стылдæр — 60-100 км². Хъомыл нæлы территорийыл гæнæн ис æмæ вæййы цалдæр сылы индивидуалон территоритæ, сæ æмахаст вæййы 1:2 кæнæ 1:4<ref name="Udakov"/><ref name="redbook">{{книга|автор =Тихонов А. |часть = |заглавие = Красная книга России.Животные и растения|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство =РОСМЭН |год = 2002|том = |страницы =414 |страниц = |серия = |isbn =5-353-00500-7 |тираж = 10000}}</ref>. Тигртæн сæ тирриторийыл цæуыны фæндæгтæ сты æнæивгæ. Уыдоныл цæугæйæ тигртæ æдзухдæр фæнысан кæнынц сæ территори, скæнынц цыбыр кæнæ дæргъвæтин рæстæгмæ хуыссыны рæттæ. Территорийыл суткæйы æмгъуыдмæ цас фæцарццу кæны тигр уый дæлбар у цалдæр факторæн. Æхсæйнаг цыд хи территорийыл хъомыл нæлæн у 9,6 км, максималон 41 км. Æхсæйнаг цыд сылæн — 7 км, максималон 22 км<ref name="Udakov">{{книга|автор =Юдаков А. Г., Николаев И. Г. |часть = |заглавие = Экология амурского тигра. По зимним стационарным наблюдениям 1970—1973 гг. в западной части Среднего Сихотэ-Алиня|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = Москва|издательство =Наука |год = 1987|том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>. Сыл тигртæ хаттæй-хатт схуыл вæййынц кæрæдзийымæ, фæлæ уæддæр арæх сæ тирриторитæ иу хайы вæййынц иумæйæгтæ, æмæ сыл сабырæй фæфидауынц, нæлтæ та никуы фæуадзынц æндæр нæлты сæ территорийыл æдзухдæр цæрын, стæй йæ сæрты хизын дæр<ref name="publishers1992">{{книга|автор =Thapar, Valmik |часть = |заглавие =The Tiger’s Destiny. |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = London|издательство =Kyle Cathie Ltd: Publishers |год = 1992|том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>.
 
Ахæм агрессивон территориалон уагахаст тигрты нæлты астæу арæх æркæны уæззау цæфтæм, хаттæй-хатт та иуы мæлæтмæ дæр. Афтæмæй арæхдæр тигртæ не схуыл вæййынц, æрхæцынц тасæфтауæг позæтæй æмæ мыртæй.
Рæнхъ 284:
 
Хъомыл [[индийаг пыл]]тæ тигрæн æгæр стыр сты, уымæ гæсгæ стыр гæдытæ адонимæ фембæлынæй сæхи фæхизынц, фæлæ хаттæй-хатт амарынц æрыгон лæппынты.
Хъуыстгонд у иу цау тигр куы амардта [[индийаг сыкъафындз|индийаг сыкъафындзы]] хъомыл сылы. Хаттæй-хатт тигртæ цуан фæкæнынц хæдзарон цæрæгойтыл дæр, [[куыдз|куыйтыл]], [[хъуг|хъуццытыл]], [[бæх]]тыл æмæ [[хæрæг|хæрджытыл]]. Зайæгхал хойрагæй — æнгузтæй, кæрдæгæй, дыргътæй — тигртæ фæпайда кæнынц сæрды.<ref name="USSR">{{книга|автор =Флинт В. Е., Чугунов Ю. Д., Смирин В. М. |часть = |заглавие = Млекопитающие СССР|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = Москва |издательство = Наука|год =1965 |том = |страницы = |страниц =440 с илл. и цв. вкладками |серия =Справочник-определитель географа и путешественника |isbn = |тираж = }}</ref>
 
Йæ арæалы территорийыл æппæтыл дæр, тигр у [[хойраджы рæхыс]]ы уæлдæр цæг, æмæ йын æндæр тугдзых сырдтæ конкуренци самайыны хъом не сты. Хаттæй-хатт ахæм конкуренцийы хъом свæййынц мыггаг [[куыйтæ|куыйты]] минæвæрттæ, кæдон цуаны фæцæуынц стыр балтæй — зæгъæм индиаг [[сырх бирæгъ]].
Хаттмæ тигр бахæры 30-40 кг зиза. Æххормаг хъомыл нæл сырдты бон у бахæрын хаттмæ дзидзайы 50 кг<ref name="university2002">Sunquist, Mel and Fiona Sunquist. 2002. Wild Cats of the World. University Of Chicago Press, Chicago</ref>. Саджы кæнæ хъæддагхуыйы марды цур тигр баззайы цалдæр боны, уыдоны дæргъы фæхæры йæ амæттаджы. Хæринаг куы нæ вæййы уæд тигрæн феххуыс вæййы дæлцармон сайаг клетчаткæ, йæ бæзджын амураг тигрæн фæхæццæ кæны 5 см онг<ref name="USSR"/>.
 
=== Цуан ===
[[Ныв:Tiger chasing a deer.jpg|right|thumb|260px|Амураг тигр цуан кæны [[дзыгъуыр саг]]ыл. Музейæон рацарæзт.]]
Тигртæ цуан кæнынц афтиддæр иунæгтæй, пайда кæнынц цуаны рæстæг дыууæ амалæй: амæттагмæ хъуызын кæнæ йæм бабадгæйæ æнхъæлмæ кæсын. Фыццаг фадатæй арæхдæр фæпайда кæнынц зымæджы, дыккагæй сæрды<ref name="Udakov"/>. Тигртæ арæхдæр фæхъуызынц кæнæ фенхъæлмæ кæсынц сæ амæттагмæ къахвæдты æмæ дондарæнты цур. Цæрæгойы бафиппайгæйæ, тигр райдайы йæм хъуызын дымгæйы кæдзилы рдыгæй. Хъуызгæйæ фæцæуы цыбыр цадæг къахдзæфтæ кæнгæйæ, арæх æрæнцайы зæххыл. Амæттагмæ фаг хæстæг дардцæгмæ бабыргæйæ тигр цалдæр тынг стыр гæппæй йæ баййафы. Разыбадгæйæ тигр фæхуыссы дымгæйы бын.
 
Амæттагмæ гæпп кæнгæйæ куы фæрæдийы уæд ма ассуры цæрæгойы афтиддæр 100-150 м. Уыимæ йæ буар дзæвгар уæззау кæй у уымæ нæ кæсгæйæ тигры бон у лидзын 60 км/ч алыхуызон уæлцæрттыл дæр.<ref name="Dale G"/>
Рæнхъ 297:
Дынджыр сæфтæгджынты тигр фæлвары æрцахсын сæ хъуырæй, æмæ стæй бахурх кæнын, кæнæ сын сæ бæрзæй асæттын, рауадзы сын сæ туг рабериндзæнтæй ({{lang-ru|сонные артерии}}) кæнæ яремон тугдадзинæй, уымæн йын фæххуыс вæййынц йæ ссыртæ, кæдоны дæргъ хæццæ кæны 8 см (æнæ бындзæфхадæй). Къаннæг сырдтыл цуан кæнгæйæ тигр сын асæтты сæ рагъыстæг кæнæ къабæзтæ æрбасæтты.
 
Цуаны рæстæг тигры бон у гæпп кæнын [[бæрзæнд]]мæ 5 м онг, [[дæргъад|дæргъмæ]] та 9-10 метры онг<ref name="Dale G">{{книга
|автор = Dale G. Miquelle, Philip A. Stephens, Evgeny N. Smirnov, John M. Goodrich, Olga J. Zaumyslova, Alexander E. Myslenkov.
|заглавие = Large Carnivores and the Conservation of Biodiversity
Рæнхъ 310:
Хъомыл тигры бон у адæймаджы йæ дзæмбы иу цæфæй амарын.
 
Цуаны цæуын зонындзинад тигрæн йæ æрдзæй дæттгæ миниуæг нæу, ууыл тигры лæппынты сахуыр кæны сæ мад <ref name="Udakov"/>.
 
=== Бирæкæнын ===
Тигртæн типикон у [[полигами]]<ref name="redbook"/>. Схъазынц декабры-январы<ref name="USSR"/>. Территоритыл кæдоныл сырдты нымæц у къаннæг сылы фæстæ фæзилы афтиддæр иу нæл тигр. Нæлты астæу хуылтæ бацайдагъ вæййынц. Нæл куы бамбары сылы мицырайы нысæнттæм гæсгæ, репродуктивон уавæры ис, уый, уæд йæм фæзыны спецефикон уагахаст — [[флемен]], фæбæрæг кæны характерон гримасæйæ йæ хæмхудтыл.<ref name="gepener">{{книга|автор = Гептнер В. Г., Слудский А. А|часть = |заглавие = Млекопитающие СССР Хищные (Гиены и кошки) |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство =Высшая школа |год =1972 |том = 2 |страницы = |страниц =552 |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>.
 
Сыл тигр фæхъазы азы мидæг афтиддæр цалдæр боны. Сылты фылдæр хай фыццаг хатт цот æрхæссынц 3-4 аздзыдтæй. Ныззайы иу хатт 2-3 азы мидæг. Сыл заинаг вæййы 97-112 боны (æхсæйнагæй 103 боны)<ref name="university1999"/>.
Рæнхъ 319:
Хуыкком саразынц зынвадат рæтты, скъуыдты дурты астæу, лæгæтты, кæлдымты астæу, хъæзты.<ref name="USSR"/> Иу хуыккомы сыл тигр вæййы цалдæр азы дæргъы.
 
Лæппын тигртæ фæзынынц март-апрелы. Лæппынты къорды вæййы 2-4 тигры, стæмхатт 1, ноджы стæмдæр 5-6<ref name="gepener"/>. Лæппынтæ фæзынынц куырмтæй, æнæбонтæй, сæ уæз вæййы 1,3 — 1,5 кг, иу 6-8 боны фæстæ цæстæй уынын райдайынц<ref name="publishers1992"/>. Фыццаг 6 къуырийы лæппынтæ фæцæрынц сæ мады æхсырæй. Мад сæм хæстæг никæй фæуадзы, царддзу кæнæг нæл тигрты бон у лæппынты амарын. 8 къуыридзыдæй лæппынты бон свæййы мады фæстæ уайын, æмæ хуыкком ныууадзынц. Бынтондæр цардмæ цæттæ лæппынтæ свæййынц 18 мæйдзыдтæй, фæлæ арæх баззайынц сæ мадимæ 2-3 азы, хатгай та 5 азы бæрц<ref name="publishers1992"/><ref name="university1999"/>.
 
Хъæдхъом цард райдайæны фæстæ æрыгон сыл тигртæ арæхдæр æрцæрынц сæ мады территоримæ æввахс, æрыгон нæлтæ та ахæтынц тынг дард хи территори агургæйæ, фылдæр хатт сæ бахъæуы сæрмагонд зæххы хай байсын æндæр нæлтæй, кæд территорийыл тигртæ гыццыл фæцæры уæд та бацахсынц афтид участок. Хъазынхъом сылтæ свæййынц 3-4 аздзыдæй, нæлтæ та 4-5 аздзыдæй<ref name="publishers1992"/>.
Йæ царды æмгъуыдмæ сыл æрхæссы 10-20 лæппыны, уыдонæй æрдæг арæхдæр амæлы тынг æрыгонæй<ref name="Udakov"/>. Тигры царды æмгъуыд у 26 азы онг<ref name="zoogoer">{{cite web|url=http://nationalzoo.si.edu/Publications/ZooGoer/1998/2/tigerfacts.cfm|title=Zoogoer — Tiger, ''Panthera tigris''|dateformat=dmy| accessdate = 2009-10-06}}</ref>.
 
== Популяцийы статус ==
Рæнхъ 426:
=== Китайы традицион медицинæ ===
[[Ныв:Kuniyoshi Utagawa, Tiger.jpg|thumb|«Тигр», XIX æнус, [[Утагава Куниёси]]]]
Китайы цæрджыты фылдæр хай æнхъæлынц æмæ тигры алыхуызон буары хæйттæ æмæ уыргтæ дзæбæхгæнæн миниуджыты хицау сты, æмæ уыдонæй пайда кæнынц куыд [[Анальгетиктæ|рыстсæттæнты]] хуызонæй райдай æмæ [[афродизиак]]тæй фæуы<ref name="Andrew">{{cite news|last=Harding |first=Andrew |url=http://news.bbc.co.uk/2/hi/programmes/from_our_own_correspondent/5371500.stm |title=Programmes &#124; From Our Own Correspondent &#124; Beijing's penis emporium |publisher=BBC News | accessdate = 2009-10-06 |lang = en}}</ref>. Китайы традицион медецинæйы пайда кæнынц тигры æппæт уæнгтæй æмæ уыргтæй, рихитæй райдай æмæ кæдзилæй фæуы.<ref name="Andrew"/> Ацы уырнынæдтæн исты наукон бындур æвæрд нæма æрцыдис. Ныр тигры уæнгтæй пайда кæнын Китайы у хъодыгонд, тигрыл цуангæнджыты та æфхæрынц мæлæты тæрхон рахæссынæй. Уымæ гæсгæ китайаг базаргæнджытæ арæх сæрвитынц сæ криминалон заказтæ тигртæ самал кæнынæн арæнтæм æввахс цæрæг уæрæсейæгтæн.
 
=== Мифологи, таурæгътæ æмæ символизм ===
Тигр у [[Ази|Азийы]] бæстæты адæмон мифты сæйраг персонажтæй иу, уæлдайдæр уыцы регионты, кæдон йæ цæрæнрæттимæ æнгом баст сты. Арæх æй афыссынц куыд сырдты паддзахы, æппæт сурзæххыл цы цæрæгойтæ цæры - уыдоны бардзырдтæттæг, монархийы æмæ тыхы символ. Тигры арæх фæбæттынц æхсаримæ — афтæ Индийы йæ ныв — хæстоны эмблемæ<ref name="slovarsimvolov"/>. Японы кæд тигр хъуыстгонд уыдис афтиддæр мифты фæрцы, уæддæр йæ сурæт у æхсары символ æмæ у хъайтарты атрибут<ref name="slovarsimvolov">{{книга|автор =Тресиддер Джек |часть = |заглавие = Словарь символов |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство = |год =1999 |том = |страницы = |страниц =430 |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>. [[Хуссар-Ныгуылæн Ази]]йы æмæ [[Корей]]ы тигрæн кад лæвæрдтой куыд хæхты æмæ лæгтæтты хицауæн, нымад уыдис хицауиуæг паддзахон мыггæгтыл ауыдæгыл, æмæ йæм кастысты куыд Зæхх æмæ Арвы астæу æхсæнгæнæгмæ.
 
[[Китай]]ы æууæндыдысты — тигр кæй у хъомысы æмæ æнæниздзинады символ æмæ иуфарс кæй ссуры фыдтыхтæ æмæ низтæ. [[Даосизм]]ы ацы тугдзых ассоциацигонд цыдис ныгуылæнимæ, уырс хуызимæ, фæззæгимæ æмæ фондз фыццаг элементтæй иуимæ — донимæ. Йæ ныхмæ æвæрд цыдис кæрдæгхуыз [[дракон]] — уалдзыгон скæсæны {{ома|фæлгондз|воплощение}}. Тигры æмæ драконы тох ссис Китайы нывкæныны популярондæр символикон мотивтæй иу. Тигр у китайаг [[буддизм]]ы Æртæ Æнæнкъараг Уæвджытæй иу, фæлгонц кæны фыдзæрдæдзинад.<ref name="slovarsimvolov"/>. Ноджы ма китайаг уырнынæдтæм гæсгæ фондз легендарон тигры хъахъхъæнынц дунейы фæрстæ æмæ Центр; æрвхуыз — скæсæн, сау — цæгат, сырх — хуссар, уырсытæ ныгуылæн æмæ центр.<ref name="slovarsimvolov"/> Тигр нымад у æртыккаг сырдыл китайаг 12-азон къæлиндары.
Рæнхъ 461:
Ныгуылæневропæйаг литературæйы тигрмæ ахаст æмнысанон нæ уыдис. Афтæ [[Киплинг, Редьярд|Редьярд Киплинг]] йæ фæлдисонды «[[Джунглиты чиныг]]»ы равдыста тигры хинæйдзаг æмæ тызмæг сырдæй. [[Честертон, Гилберт Кит|Г. Честертон]] хуыдта тигры «хъынцымаг фидауцы фæлгонц»<!--the emblem of woeful elegance-->.<ref name="Borges"/>. Уыимæ сывæллæтæн фыссæг [[Милн, Алан Александр|Алан Милн]] йæ фæлдисонды [[Винни-Пух]]ы тыххæй ракодта зæрдæмæдзæугæ æмæ хъæлдзæг персонажы — [[Тигрæ|Тигрæйы]]. Тигр позитивон хуызы æвдыст у [[Генри Лайон Олди|Г. Л. Олдимæ]] йæ радзырды «[[Хоанга]]». Тæппуд тигры сурæт сфæлдыста [[Баум, Лаймэн Фрэнк|Ф. Баум]] йæ чингуыты Оз бæстæйы тыххæй.
 
Тигры цурты поэттæ дæр нæ ацыдысты. Тигры зæрдылдаргæ сурæт сфæлдыста йæ мдзæвгæйы «Цигантæм» (1920) [[Гумилев, Николай Степанович|Н. С. Гумилёв]]. [[Борхес, Хорхе Луис|Х. Л. Борхес]] сывæллонæй сырдтæй фыццаг федта æмæ бахъуыды кодта зоопарчы тигры,<ref name="Borges"/> æмæ йæм ис тигры тыххæй æмдзæвгæты æмбырдгонд «[http://lib.ru/BORHES/tigry.txt Тигрты сыгъзæринтæ]». Англисагæвзагон бæстæты тæккæ хрестоматийон æмдзæвгæтæм хауы [[Блейк, Уильям|Уильям Блейчы]] æмдзæвгæ «[[:en:The Tyger|Тигр]]»<ref name="Borges">''Jorge Luis Borges: Conversations''. University Press of Mississippi, 1998. ISBN 1-57806-075-3. Page 169.</ref>.
 
[[Арсеньев, Владимир Клавдиевич|Владимир Арсеньевы]] чиныджы «[[Уссурийаг крайы æгайнæг рæтты]]» сæйраг герой [[Дерсу Узала]] æрыгонæй æнæнхъæлæджы амардта тобæйаг цæрæгойы — тигры, æмæ æнæхъæн цард тухитæ кодта йæхи аххосагыл нымайгæйæ æмæ тайгайы хицауæй тæрсгæйæ.
Рæнхъ 631:
{{Link FA|mk}}
{{Link FA|mr}}
{{Link FA|ms}}
{{Link FA|no}}
{{Link FA|th}}
Строка 638 ⟶ 639 :
{{Link GA|fr}}
{{Link GA|uk}}
{{Link FA|ms}}
 
[[ace:Rimuëng]]
Рæнхъ 743:
[[su:Lodaya]]
[[sv:Tiger]]
[[sw:TigerChui milia]]
[[ta:புலி]]
[[te:పులి]]