Андтæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
MerlIwBot (ныхас | бавæрд)
ч Робот бавæрдта: dsb:Andy
Xqbot (ныхас | бавæрд)
ч r2.7.3) (Робот бавæрдта: ku:And; косметические изменения
Рæнхъ 20:
|Категори ВикиКъæбицы = Andes
}}
[[НывФайл:Cono de Arita, Salta. (Argentina).jpg|thumb|250px|]]
'''Андтæ''', ''Андты Кордильерæ'' ({{lang-es|Andes; Cordillera de los Andes}}) — [[Зæхх (планетæ)|Зæххы]] тæккæ даргъдæр<ref>Раст зæгъгæйæ тæккæ айтыгъддæр хæххон системæ Зæххыл у [[Астæуукаг-фурдон рагъ]] ({{lang-ru|[[:ru:Срединно-окенический хребет|Срединно-окенический хребет]]}}) — рæгъты баст, йæ иумæйаг дæргъ у 80 мин км. [[Гиннесы рекордты чиныг|Гиннесы рекордты чиныджы]] Астеуккаг-фурдон рагъ нымад у Зæххæн йæ тæккæ ''егъаудæр'' хæххон системæйыл, Андтæ та — тæккæ ''дæргъвæтиндæр'' хæххон рагъыл. Кæс [http://gin.studentport.org/nomin.php?id_nom=2972], æмæ ма [http://rgo.ru/geography/fiz_geography/uamerika/andqqq1 wwww.rgo.ru/geography/fiz_geography/uamerika/andqqq1]</ref> æмæ тæккæ бæрзæнддæртæй иу (хох [[Аконкагуæ]], 6962 м)<ref>Андтæ сты тæккæ бæрзондтæр хæххон системæ Азийы чи нæй, уыдонæй; нæ планетейы тæккæ уæллоздæр хæххон системæ — [[Гималайтæ]]. Кæс [http://www.igras.ru/index.php?r=41&id=153 www.igras.ru/index.php?r=41&id=153]</ref> хæххон системæ, цæгатæй æмæ ныгуылæнæй æнæхъæн [[Хуссар Америкæ]] мæскъ æркæны. Ранæй-рæтты Андты уæрæх хæццæ кæны 500 км онг (тæккæ уæрæхдæр ран ис Астæуккаг Андты 18° æмæ 20° х.у. астæу — 750 км æввахс)<ref>Кæс [http://rgo.ru/geography/fiz_geography/uamerika/andqqq1 wwww.rgo.ru/geography/fiz_geography/uamerika/andqqq1]</ref>. Астæуккаг бæрзæнд — 4000 м. æввахс.
 
Рæнхъ 43:
== Орографи ==
=== Цæгаты Андтæ ===
[[НывФайл:Bolívar usgs.jpg|thumb|220px|[[Боливары цъупп]] Венесуэлæйы]]
Андты сæйраг системæ арæзт у меридиалон 'здæхт параллелон рæгътæй, кæрæдзийæ дих кæнынц мидæггаг уæлвæзтæй æмæ тæрфтæй. Афтиддæр Венесуæлæйы гæрæнты сæхи цы Карибы Андтæ айтыгътой (хауынц Цæгат Андтæм) уыдон æвæрд цæуынц цæхгæрмæ [[Карибы денджыз]]ы донгæрæтты. Цæгаты Андтæм ма хауынц уымæй уæлдай [[Эквадоры Андтæ]] æмæ Цæгат-Хурныгуылæйнаг Андтæ (Венесуэлæйы ныгуылæны æмæ [[Колумби]]йы). Цæгаты Андты уæллоздæр хохы рæгътæ сæхиуыл хæссынц къаннæг æрыгон цъититæ, вулканы конустыл та — æнусон миттæ. Сакъадæхтæ [[Арубæ]], [[Бонайре]], [[Кюрасао]] Карибы денджызы сты æцæгæй Цæгаты Анды байзæддæгтæ, донмæ куы ныййирвæзынц, уæд ма дзы уæлдон цы бæрзонд цъуппытæ аззайы уыдон.
 
Рæнхъ 57:
 
=== Централон Андтæ ===
[[НывФайл:El misti.jpg|thumb|left|200px|Вулкан [[Мисти]] Перуйы]]
Централон Андты (28° х.у. онг) дих кæнынц [[Перуйы Андтæ]] (хуссарырдæм хæццæ кæнынц 14°30́ х.у. онг) æмæ [[Централон Андтæ|Цæнтралон Андты]] сæхи. Перуйы Андты æрæджиау сбæрзæндты тыххæй æмæ цæугæдæтты (егъаудæртæ дзы [[Мараньон]], [[Укаяли]] æмæ [[Уальяги]] хауынц уæллаг [[Амазонкæ (цæугæдон)|Амазонкæйы]] системæмæ) интенсивон куысты тыххæй рауадысты параллелон рæгътæ (Скæсæны, Централон æмæ Ныгуылæны Кордильерæтæ) æмæ арф дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ каньонты системæтæ. Перуйы Андты бæрзонддæр цъуппытæ 6000 м фæуæлдæр сты (уæлдæр тæпп хох Уаскаран, 6768 м); Кордильера-Бланкайы нырыккон ныйихдзинад (уырыс. ''оледенение''). Альпон уæлцъары скæндтыты формæтæ ма парахат сты дыркъуым ръæгтыл — Кордильера-Вильканотæ, Кордильера-де-Вилькабамбæ, Кордильера-де-Карабая.
 
Рæнхъ 65:
 
=== Хуссары Андтæ ===
[[НывФайл:Andes Chile Argentina.jpg|thumb|250px|Андтæ Аргентинæ æмæ Чилийы арæнты цур]]
Хуссары Андтæ сæхи айтыгътой 28° х.у.-æй хуссары ’рдæм, дих сæ фæкæнынц дыууæ хайыл — цæгатаг (Чилийы-Аргентинæйы кæнæ Субтропикон Андтæ) æмæ хуссайраг (Патагонийы Андæ) хæйттыл. Чилийы-Аргентинæйы Андтæ хуссарырдæм хæццæ кæнынц æмæ снарæг вæййынц 39°41́ х.у., дзæбæх зыны сæ æртæхуызон конд — Донбылы Кордильерæ, Дæргъмæ дæлвæз æмæ Сæйраг Кордильерæ; фæстаджы арæнты Кордильера-Фронталы — Андты уæллоздæр цъупп, хох [[Аконкагуæ]] (6960 м), уыимæ ма егъау цуппытæ [[Тупунгато]] (6800 м), [[Мерседарио]] (6770 м). Миты хахх ам дæр тынг уæллоз æвæрд у (32°40́ х.у. бын — 6000 м). Кордильера-Фронталæй ныгуылæнырдæм Рагон Прекордильерæтæ.
 
Рæнхъ 243:
 
=== Централон Андтæ ===
[[НывФайл:Atacama1.jpg|thumb|200px|Æдзæрæгран [[Атакама]]йы]]
 
5° æмæ 28° х.у. астæу фиппайд цæуы ирд æргомгонд ассиметри дæлдзырæтты уæрсты — фæхстыл; ныгуылæйнаг фæхстæ бирæ цауддæр уымæлгонд цæуынц скæсæйнæгтæй. Сæйраг Кордильерæйæ ныгуылæнырдæм — æдзæрæг тропикон арвыхæд (йе сфæлдыстæн дзæвгар ахъаз кæны уазал [[Перуйы гуылфæн]]), цæугæдæттæ бирæ не сты. Кæд Цæнтралон Андты цæгатаг хайы æруары 200-250 мм дæлдзырæттæ азмæ, уæд хуссары ’рдыгæй та сæ бæрц фæкъаддæр вæййы æмæ ранæй-рæтты азмæ 50 мм нæ фæуæлдæр вæййы. Андты ацы хайы йæхи айтыгъта [[Атакамæ]] — зæххы къорийы тæккæ хусдæр [[æдзæрæгран]]. Æдзæрæгрæттæ кæмдæрты схизынц уæлæмæ 3000 м уæлдæр дæнджызы æмвæзадæй. Цыбырнымæцон [[оазис]]тæ æвæрд сты сæйрагдæр къаннæг цæугæдæтты кæмтты, ацы дæттæ сæхи æфсадынц хæххон цъититæй. Æхсæнянварон температурæ донбылон районты æнкъуысы 24&nbsp;°C-æй цæгаты 19&nbsp;°C-мæ хуссары, æхсæниюлон — 19&nbsp;°C-æй цæгаты 13&nbsp;°C-мæ хуссары. 3000 м уæлдæр [[Хус Пуна]]йы гыццыл дæлдзырæттæ (стæм хатт азмæ 250 мм фылдæр); бæрæггонд цæуынц уазал дымгæты æрбафтыдтæ, уæд температурæйы бон у æрхауын −20&nbsp;°C онг. Июлы рæстæмбис температурæ 15&nbsp;°C сæрты нæ хизы.
Рæнхъ 251:
=== Хуссары Андтæ ===
Чилийы-Аргентинæйы Андты арвыхъæд — субтропикон, æмæ ныгуылæйнаг фæхсты уымæлдзинад зымæгон циклонты хардзæй фылдæр у, субэкваториалон ронимæ абаргæйæ; хуссарырдæм цæугæйæ дæлдзырæтты азон суммæтæ ныгуылæйнаг фæхстыл тагъд сырæзынц. Сæрд хус у, зымæг уымæл. Фурдæй дарддæр кæнгæ арвыхъæды континентдзинад уæлдæр кæны, рæзынц температурæйы сезонон æнкъуыстытæ. Сахар [[Сантьяго]]йы, лæууы [[Дæргъмæ дæлвæз]]ы, тæккæ хъармдæр мæйы æхсайнаг температурæ у 20&nbsp;°C, тæккæ уазалдæры — 7—8&nbsp;°C; дæлдзырæттæ дзы æруары гыццыл, 350 мм азмæ (хуссардæр, [[Вальдиви]]йы, дæлдзырæттæ фылдæр сты — 750 мм азмæ). Сæйраг Кордильерæйы ныгуылæйнаг фæхстыл дæлдзырæттæ Дæргъмæ дæлвæзæй фылдæр ис (фæлæ сабырфурдон былгæрæттæй къаддæр).
[[НывФайл:TDFNP-SendaCostera.jpg|thumb|left|300px|Арты зæххы былгæрæттыл]]
 
Хуссармæ змæлгæйæ ныгуылæйнаг фæхсты субтропикон арвыхъæд лæгъз ахизы ромыл уæрхæды фурдон арвыхъæдмæ: фæфылдæр вæййынц дæлдзырæтты азон суммæтæ, фæкъаддæр вæййынц хицæндзинæдтæ уымæлдзинады сæзонтæм гæсгæ. тыхджын ныгуылæйнаг уадтæ æрбахæссынц былгæрæттæм бирæнымæцон дæлдзырæттæ (2000-3000 мм арæх 6000 мм онг азмæ). Азы 200 бонæй фылдæр цæуынц тыхджын уарынтæ, донбылтыл æрбады бæзджын мигъ, денджызы æдзухдæр карз уад; арвыхъæд цæрынмæ нæ бæззы. Скæсæйнаг фæхстæ (28° æмæ 38° х.у.) хусгонддæр сты ныгуылæйнæгтæй. Тæккæ хъармдæр мæйы æхсæйнаг температурæ ныгуылæйнаг фæхстыл у афтиддæр 10—15&nbsp;°C, тæккæ уазалдæр 3—7&nbsp;°C.
Рæнхъ 258:
 
== Зайæгойтæ æмæ мæртæ ==
[[НывФайл:Erythroxylum coca.jpg|thumb|left|250px|[[Кокæ]]]]
Андты мæрон-зайæгойон æмбæрзæн тынг алыхуызон у. Афтæ уайы уый тыххæй, æмæ хæхтæ алыхуызон сты бæрзæндмæ гæсгæ, стæй дзæвгар хицæндзинæдтæ ис ныгуылæйнаг æмæ скæсæйнаг фæхсты уымæлдзинады. Уæлбæрзонды тæлмад ({{lang-ru|высотная поясность}}) Андты дырысæй æргомгонд у. Рахицæн кæнынц æртæ уæлбæрзонды тæлмы — Тьеррæ Кальенте, Тьеррæ Фриæ æмæ Тьеррæ Эльядæ.
 
Рæнхъ 266:
 
Чилийы астæуккаг хайы хъæдтæ дзæвгарæй сæфт æрцыдысты; кæддæр хъæдтæ уæлæмæ цыдысты Сæйраг Кордильерæйыл 2500-3000 м бæрзæндмæ фæлæ ныр хæхты фæхстæ сыгом сты. Ныр хъæдтæ æмбæлынц афтиддæр хицæн къохты хуызæн ([[нæзыбæлас]]ы, [[араукари]]йы, [[эвкалипт]]ы, [[тæрс]]ы æмæ [[платан]]ы, хъæдбыны — [[дрок]] æмæ [[герань]]).
[[НывФайл:Araucaria columnaris1.jpg|thumb|250px|[[Араукари]]]]
Патагоны Андты фæхстыл 38° х.у. хуссардæр - субарктикон бирæярусон хъæдтæ, бæрзондхъæд бæлæстæй æмæ къутæртæй, фылдæр æнусцъæхтæй, [[тарбур хæххон мæр]]тыл, хъæдты бирæ хъуынатæ, цилтæ æмæ лианæтæ; 42° х.у. хуссардæр - хæццæ хъæдтæ (42° х.у. районы ис араукарион хъæдты массив). Зайынц [[тæрс]] æмæ [[магноли]], бæласхуыз цилтæ, бæрзондхъæд [[хихджын]]тæ, хурхъæз. Патагоны Андты скæсæйнаг фæхстыл - сæйрагдæр тæрсæй хъæдтæ. Тæккæ кæройнагдæр хуссары та — [[тундрæ|тундрон]] зайæгойтæ.
 
Рæнхъ 275:
 
== Цæрæгойты дуне ==
[[НывФайл:Pudu pudu AB.jpg|thumb|250px|Саг Пуду — Андты эндемик]]
Андты цæгатаг хайы цæрæгойты дуне? хауы Бразилы зоогеографикон дæлбæстæмæ, æмæ æнгæстæ у æмарæн быдырты фаунæимæ. Андты цæрæгойты дуне 5° х.у. хуссарырдæм хауы Чилийы-Патагоны зоогеографикон дæлбæстæмæ. Андты фаунæйæн æмткæй райсгæйæ характерон у [[эндемиктæ|эндемикон]] мыггæгты æмæ хуызты арæхдзинад. Андты цæрынц [[ламæ (цæрæгой)|ламæтæ]] æмæ [[альпакæ]]тæ (бынæттон цæрджытæ ацы дыууæ хуызæй пайда кæнынц къумбил æмæ дзиза исынмæ, стæй хæссæн цæрæгойты хуызæн) [[хæцæгкæдзилджын маймули]]тæ , реликтон [[кæсæнцæстон арс]], сагтæ [[пуду]] æмæ [[гаэмал]] (сты Андты эндемиктæ), [[викунья]]тæ, [[гуанако]], [[азары рувас]], [[зивæгой]]тæ, [[шиншиллæ]]тæ, [[дзæкъулджын опоссум]]тæ, [[мæлдзыгхор]]тæ, æхсынæгтæ [[дегу]]. Хуссары [[цъæх рувас]], [[магелланы куыдз]], эндемикон æхсынæг [[туко-туко]] æмæ а.д. Бирæ мæргътæ, сæ астæу [[колибри]], æмбæлы 4000 м бæрзæндтыл дæр фæлæ уæлдай фылдæр æмæ алыхуызон сты «мигъджын хъæдты» (уымæл тропикон хъæдты: [[Колумби]], [[Эквадор]]ы, [[Перу]]йы, [[Боливи]]йы æмæ [[Аргентинæ]]йы кæройнаг цæгатныгуылæны, æвæрд сты мигъты конденсацийы тæлмы), эндемикон [[кондор]], йæ бон у стæхын 7000 м бæрзæндмæ æмæ а.д. Кæцыдæр хуызтæ (куыд зæгъæм шиншиллæтæ кæдон XIX — XX райдайæны карз цагъд цыдысты сæ цармы тыххæй; [[æнæбазыр чомгæ]]тæ æмæ [[титикакаг æхситтгæнæг]] кæдон æмбæлынц афтиддæр цад Тbтикакайы цур æмæ а.д.) сыскъуыды къахыл лæууынц.
 
Рæнхъ 379:
[[ko:안데스 산맥]]
[[krc:Андла]]
[[ku:And]]
[[la:Andes]]
[[lb:Anden]]