Америкæйы Иугонд Штаттæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Bouron (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Bouron (ныхас | бавæрд)
истори
Рæнхъ 30:
}}
'''Америкæйы Иугонд Штаттæ''' кæнæ '''Америчы Иугонд Штаттæ''' ({{lang-en|the United States of America}}) у [[президентон республикæ]], фæндзай штат æмæ иу федералон районæй арæзт. Бæстæйы фылдæр хай ис Цæгат Америкæйы. Уым, йæ 48 штаты ахсынц зæххытæ [[Сабыр фурд]]æй [[Атлантикон фурд]]мæ, æмæ цæгаты æндзæвынц [[Канадæ]]имæ, хуссары та [[Мексикæ]]имæ. Йæ штаттæй иу, [[Аляскæ]], ис Цæгат Америкæйы цæгат-ныгъуылæны, æмæ йын ис арæн Канадæимæ, скæсæны, æмæ [[Уæрæсе]]имæ, ныгъуылæны. [[Гавайи]], штат, у Сабыр фурды архипелаг. Уый йеддæмæ ма Сабыр фурды æмæ [[Карибон денджыз]]ы дары цалдæр територийы, кæдон штаттæ не сты. '''АИШ'''-ы [[сæйраг сахар]] у [[Вашингтон (сахар)|Вашингтон]], стырдæр сахар та [[Нью-Йорк]]. Йæ зæххыты фæзуат у 9,83 милуан км², æмæ у æртыггаг стырдæр бæстæ. 314 милуан цæрæгимæ дæр ахсы æртыггаг бынат. АИШ у зæххы стырдæр экономикон æмæ политикон тыхтæй иу.
 
Абоны АИШ-ы зæххытыл фыццаг бацардысты [[рагон индейæгтæ]]. Уыдон [[Цæгат Америкæ]]мæ бацыдысты 15 000 азы размæ, æмæ сæ фæдæттæ уым нырмадæр цъусæй цæрынц. [[Индейæгтæ]] тынг цъус кæнын байдыдтой [[Европæйæгтæ|Европæйæгты]] колонизаци XVII æнусы куы байдыдта, уый фæстæ. Колонизаци фылдæр цыд [[Англис]]æй. АИШ-ы бындур равзæрд Атлантикон фурды былыл [[æртындæс бритайнаг колони]]йæ, кæдон сарæзтой сæхи экономикæ æмæ политикон системæ. Уыдон растадысты братайнæгтæ сын сæ хъалонты политикæмæ кæй бырстой, уый тыххæй. Уый бындурыл 1775-æм азы байдыдта хæст. 1776-æм азы 4-æм июлы уыцы æртындæс колонийы минæвæрттæ рауагътой [[Хæдбардзинады Сидт]], кæцымæ гæсгæ сæвзæрд АИШ. Ног бæстæ, [[Франц]]ы æххуысæй, [[Британи]]йы рамбылдта. АИШ-ы нырыккон конституци ист æрцыд 1778-æм азы 17-æм сентябры. Уымæ гæсгæ АИШ-ы штаттæ сысты иу республикæйы хай.
 
АИШ у [[ИНО]]-йы [[Æдасдзинады Ныхас]] æмæ [[НАТО]]-йы уæнг.