Мамсыраты Темырболат: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Рæнхъ 5:
Темырболат райгуырдис æлдар Мамсыраты Осмæны бинонты ’хсæн. Осмæн йæхæдæг уыди дæргъæвсаг. [[1818-æм аз]]ы йын [[инæлар]] [[Ермолов]]ы дзырдæй зæххы хай радтой [[Джызæлдон]]ы был, æмæ йæ дæлбар адæмимæ ралыгъд уырдæм. Хъæу схуыдтой Осмæны номæй.
 
Фыссæг æмæ литературæиртасæг [[Гæдиаты Цомахъ]] Темырболаты райгуырды азыл нымадта 1845. Филолог [[Æлборты Барысби]]мæ гæсгæ та поэт райгуырди 1843 азы. Фылдæр филологтæм хуыздæр фæкасти дыккаг датæ. Афтæмæй та Цомахъ растдæр уыди. Уый сбæрæг кæнынæн ахъаз фæцис историон наукæты кандидат [[Берозты Батраз]]ы уац. Батраз фыста: «[[ХIХXIX æнус]]ы 50-æм азты архивæй ист гæххæттытæм гæсгæ сбæлвырдгæнæн ис æлдар Мамсыраты Осмæны бинонты азхыгъдтæ. Уыцы гæххæттытæм гæсгæ 1859 азы Темырболатыл сæххæст 14 азы («Мах дуг», 1971, № 2).
 
Цæгат Ирыстоны Центрон Паддзахадон архивы (291 фонд, фыццаг номхыгъд, 9-æм хъахъхъæнæн иуæг, 123 сыф) цы гæххæтытæ ссардæуыд, уыдонæй иуы уыдис ацы документ: