Хостыхъоты Солтан: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
Рæнхъ 13:
Госпитæлы фæстæ Солтаны арвыстой ног полкъмæ. Уыцы æхсæг полчьы дæр карз хæстыты фæстæ баззадис æрмæстдæр 37 адæймаджы. Уæд йæхиуыл дæр сæмбæлдис немыцаг снайперы дыууæ намыджы. Ныфсджын ирон лæппу згъæрхуд никуы дардта, фæлæ йæ уыцы бон скодта æмæ йын æй йæ сæрæй уайтагьд [[нæмыг]] ахаста. Дыккаг нæмыг та фæцæф кодта йæ фарс. Уæд æй мæлæтæй фервæзын кодта йе ’мзæххон, [[Хæтæлдон|хæтæлдойнаг]] [[Хъулаты Хъылцыхъо]]. Æфсæддон дохтыр уæвгæйæ, йæ дадзинты бауагъта доноры туг. Уæд Солтан мæймæ сдзæбæх æмæ ногæй атындзыдта фронтмæ. [[1944]] азы августы ногæй фæцæф æмæ та бахауд Къылцыхъомæ. Уый йæ пырх зæнгмæ куы ’ркаст, уæд ын загъта, цалынмæ, дам, дæ цæф сдзæбæх уа, уæдмæ хæст дæр фæуыдзæн. Фæлæ афтæ нæ рауад. Цалдæр мæйы фæхуыссыд госпитæлты, фæлæ уæдмæ нæдæр йæ къах кæронмæ сдзæбæх, нæдæр хæст фæци.
 
Къуылыхæй йæ фæстæмæ хæцынмæ нал акодтой, фæлæ йæ арвыстой 3-аг Белоруссаг фронты немыцаг уацайрæгтæ æмбырдгæнæн лагермæ. Уырдыгæй сæ ластой [[Мæскуы|Мæскуымæ]]. Немыц кæддæр бæллыдысты уым парад скæнынмæ æмæ сын æй скодтой — Мæскуыйы уынгтыл æстдæс километры ацыдысты мæскуыйæгты раз. Уацайрæгты [[Тамбов|Тамбовмæ]] куы аластой, уæд Солтаны арвыстой [[CМЕРШСМЕРШ]]-ы дивизимæ, [[Литва]]йы [[Каунас]]ы районмæ. Уæд контрразведкæйы старшина Хостыхъойы-фырт ахста, немыцаг шпионты æмæ, сырхæфсæддонты чъылдымы ’рдыгæй чи мардта, уыцы бандитты. СМЕРШ-ы фæслужбæ кодта 1945 азы мартъимæ. Уæд æй йæ бирæ цаефты тыххæй службæйæ ауагьтой. Фæлæ лæппуйы фæндыд йæ хæстон æмбæлтты бабæрæг кæнын. Уыдон уæд [[Берлин]]ыл тох кодтой, æмæ ацыд уырдæм. Йе ’мбæлттимæ бацыд Берлинмæ, уый фæстæ та — [[Венæ]]мæ. Уым сыл сæмбалд Уæлахизы бон.
 
Солтан дæр æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ, бинойнагæн æрхаста Гагкайты Ахберды чызг Елмысханы. Рацыд сын хорз цот, сæ хæствæллад фыды буцæй дардтой, йæ хæдзары йын алы аз дæр [[9 майы]] кодтой куывд. Бирæ цæфтæн бафæрæзта зæронд хæстон, фæлæ йыл фæстаг рæстæг низтæ уæлахиз кæнын байдыдтой, йе 'нæниздзинад фæцудыдта æмæ йын 2000 азы [[16 апрелы]] йæ уарзон хъæубæстæ æмæ хæстæджытæ загьтой фæстаг фæндараст. «''Рухсаг у, Солтан, мæрдты дзæнæты фæбад. Дæу хуызæтты руаджы сæрибарæй цæрæм хæдбар паддзахады. Нæ адæмæй никуы ферох уыдзæн, сымах фæлтæр хæсты рæстæг цы хъæбатырдзинад равдыста, уый''», — фыста уыцы аз газет «[[Рæстдзинад]]», «Хъæдгæронæй Берлинмæ», ахæм уацы, зæгъгæ.