Хетæгкаты Къоста: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Bouron (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 5:
Къоста райгуырдис [[Нарыхъæу]]ы, 1859-æм азы 15-æм октябры. Йæ фыд, Хетæгкаты Елизбары фырт Леуан, Уæрæсейы империйы æфсæддон. Йæ мад, Гуыбаты Гаврилы чызг Мария, Къостайы райгуырдæй цалдæр боны фæстæ амардис, æмæ Къостайы хъомыл кæнын йæ хæстæгæн ныууагъта. Къостайыл фондз азы куы цыдис, уæд йæ фыд дыггаг ус æркодта. Уый уыд бынæттон сауджыны чызг.
 
Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй [[Дзæуджыхъæу]]мæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. 1870-æм азы, йæ фыд Нарыкомы[[Нарыком]]ы цæрджытимæ алыгъдис [[КубаныХъобаны облæстм]]æ, уым [[Лабæ (хъæу)|Лабæйы хъæуæн]] бындур сæвæрдтой æмæ дзы æрбынат кодтой. Уыцы хъæуæн фæстæдæр раддзысты Къостайы ном. Фæстæдæр Къоста Дзæуджыхъæуы ахуыр ныууагъта, æмæ йæ фыды фæдыл Лабæмæ ацыдис. Уым æй йæ фыд Каладжины скъоламæ бакодта.
 
1871-æм азæй 1881-æм азмæ Къоста ахуыр кодта [[Ставраполь|СтавраполыСтъарапол]]ы гимназы. Уæды рæстæгæй йын баззадис дыууæ ирон æмдзæвгæйы æмæ иу уырыссаг.
 
== Цыртдзæвæнтæ æмæ номарæнтæ ==