Хетæгкаты Къоста: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Bouron (ныхас | бавæрд)
ныв
Bouron (ныхас | бавæрд)
цард цыбырӕй
Рæнхъ 1:
[[Файл:Kosta XETAGUROV.jpg|thumb|200px|right|Хетæгкаты Къоста ирон дарæсы]]
'''Хетæгкаты<ref>Кæд æмæ орфографийы домæнтæм гæсгæ фыссын хъæуы Хетæ'''гг'''аты, традицимæ гæсгæ поэты ном фыссынц «гк»-йæ: Хетæ'''гк'''аты. Уый тыххæй фен [http://amikeco.ru/2011/02/kosta.html ацы фарс].</ref> Леуаны фырт Къоста''' (райгуырдис [[1859-æм аз]]ы 3 ([[15 октябры|15]]) октябры, [[Нарыхъæу]]ы — амардис [[1906-æм аз]]ы [[19 мартъийы]] ([[1 апрелы]]), [[Лабæ (хъæу)|Лабæйы]]) уыдис зынгæ [[иронИрон литературæадæм|ирон]] [[фыссæг]], [[поэт]], публицист, нывгæрдæг[[нывгæнæг]] æмæ нывгæнæг[[нывгæрдæг]]. Нымад цæуы [[ирон литературæйылитературæ]]йы бындурæвæрæгыл.
 
Къоста райгуырдис [[Нарыхъæу]]ы. Сывæллонæй фæахуыр кодта Нары, Дзæуджыхъæуы æмæ Стъараполы, æмæ 1881-æм азы бацыд Бетъырбухы Аивадон Академимæ. 1883-æм азы йын йæ стипенди кæй æрлæууын кодтой, уый тыххæй рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Уым Къоста ныффыста йæ æмдзæвгæты фылдæр хай, æмæ йæ ном тынг ахъæр ис. Йæ æмдзæвгæтæ та Ирыстоны сахарты æмæ хъæуты апырх сты.
 
== Цардафыст ==
Къоста райгуырдис [[Нарыхъæу]]ы, 1859-æм азы 15-æм октябры. Йæ фыд, Хетæгкаты Елизбары фырт Леуан, Уæрæсейы империйы æфсæддон. Йæ мад, Гуыбаты Гаврилы чызг Мария, Къостайы райгуырдæй цалдæр боны фæстæ амардис, æмæ Къостайы хъомыл кæнын йæ хæстæгæн ныууагъта. Къостайыл фондз азы куы цыдис, уæд йæ фыд дыггаг ус æркодта. Уый уыд бынæттон сауджыны чызг.
 
[[Файл:Kosta Khetagurov as a student.jpg|220px|къаддæргонд|рахиз|ХетӕгкатыХетæгкаты Къоста, студентӕйстудентæй.]]
Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй [[Дзæуджыхъæу]]мæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. 1870-æм азы, йæ фыд [[Нарыком]]ы цæрджытимæ алыгъдис [[Хъобаны облæстм]]æ, уым [[Лабæ (хъæу)|Лабæйы хъæуæн]] бындур сæвæрдтой æмæ дзы æрбынат кодтой. Уыцы хъæуæн фæстæдæр раддзысты Къостайы ном. Фæстæдæр Къоста Дзæуджыхъæуы ахуыр ныууагъта, æмæ йæ фыды фæдыл Лабæмæ ацыдис. Уым æй йæ фыд Каладжины скъоламæ бакодта.
 
1871-æм азæй 1881-æм азмæ Къоста ахуыр кодта [[Стъарапол]]ы гимназы. Уæды рæстæгæй йын баззадис дыууæ ирон æмдзæвгæйы æмæ иу уырыссаг.
 
1881-æм азы Къоста бацыд [[Бетъырбух]]ы Аивадон Академимæ. 1883-æм азы йын йæ стипенди æрлæууын кодтой, æмæ уый тыххæй цæрыны фæзæзтæ фесафгæйæ фæстæ Ирыстонмæ ’рыздæхдрыздæхд. 1891-æм азы онг цардис Дзæуджыхъæуы, æмæ уæд ныффыста йæ ирон æмдзæвгæты стырдæр хай. 1888-æм азæй йæ æмдзæвгæтæ уагъта Стъараполы газет «Цæгат Кавказы».
 
1891-æм азы июны йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд Ирыстонæй. Дыууæ азы фæстæ ’рыздæхд Стъараполмæ, æмæ 1895-æм азы газет «Цæгат Кавказы» рауадзын кодта йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд.