Хетæгкаты Къоста: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Bouron (ныхас | бавæрд)
цард цыбырӕй
Bouron (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Файл:Kosta XETAGUROV.jpg|thumb|200px|right|Хетæгкаты Къоста ирон дарæсы]]
'''Хетæгкаты<ref>Кæд æмæ орфографийы домæнтæм гæсгæ фыссын хъæуы Хетæ'''гг'''аты, традицимæ гæсгæ поэты ном фыссынц «гк»-йæ: Хетæ'''гк'''аты. Уый тыххæй фен [http://amikeco.ru/2011/02/kosta.html ацы фарс].</ref> Леуаны фырт Къоста''' (райгуырдис [[1859-æм аз]]ы 3 ([[15 октябры|15]]) октябры, [[Нарыхъæу]]ы — амардис [[1906-æм аз]]ы [[19 мартъийы]] ([[1 апрелы]]), [[Лабæ (хъæу)|Лабæйы]]) уыдис зынгæ [[Ирон адæм|ирон]] [[фыссæг]], [[поэт]], публицист, [[нывгæнæг]] æмæ [[нывгæрдæг]]. Нымад цæуы [[ирон литературæ]]йы бындурæвæрæгыл.
 
Рæнхъ 7:
Къоста райгуырдис [[Нарыхъæу]]ы, 1859-æм азы 15-æм октябры. Йæ фыд, Хетæгкаты Елизбары фырт Леуан, Уæрæсейы империйы æфсæддон. Йæ мад, Гуыбаты Гаврилы чызг Мария, Къостайы райгуырдæй цалдæр боны фæстæ амардис, æмæ Къостайы хъомыл кæнын йæ хæстæгæн ныууагъта. Къостайыл фондз азы куы цыдис, уæд йæ фыд дыггаг ус æркодта. Уый уыд бынæттон сауджыны чызг.
 
[[Файл:Kosta Khetagurov as a student.jpg|220px|къаддæргонд|рахиз|Хетæгкаты Къоста, студентæй.]]
Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй [[Дзæуджыхъæу]]мæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. 1870-æм азы, йæ фыд [[Нарыком]]ы цæрджытимæ алыгъдис [[Хъобаны облæстм]]æ, уым [[Лабæ (хъæу)|Лабæйы хъæуæн]] бындур сæвæрдтой æмæ дзы æрбынат кодтой. Уыцы хъæуæн фæстæдæр раддзысты Къостайы ном. Фæстæдæр Къоста Дзæуджыхъæуы ахуыр ныууагъта, æмæ йæ фыды фæдыл Лабæмæ ацыдис. Уым æй йæ фыд Каладжины скъоламæ бакодта.
 
1871-æм азæй 1881-æм азмæ Къоста ахуыр кодта [[Стъарапол]]ы гимназы. Уæды рæстæгæй йын баззадис дыууæ ирон æмдзæвгæйы æмæ иу уырыссаг.
 
1881-æм азы Къоста бацыд [[Бетъырбух]]ы Аивадон Академимæ. 1883-æм азы йын йæ стипенди æрлæууын кодтой, æмæ уый тыххæй цæрыны фæзæзтæ фесафгæйæ фæстæ Ирыстонмæ рыздæхд. 1891-æм азы онг цардис Дзæуджыхъæуы, æмæ уæд ныффыста йæ ирон æмдзæвгæты стырдæр хай. 1888-æм азæй йæ æмдзæвгæтæ уагъта Стъараполы газет «Цæгат Кавказы».
 
=== Фыццаг ӕрвыст ===
1891-æм азы июны йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд Ирыстонæй. Дыууæ азы фæстæ ’рыздæхд Стъараполмæ, æмæ 1895-æм азы газет «Цæгат Кавказы» рауадзын кодта йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд.
1891-æм азы июны Къоста йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд Ирыстонæй. Уӕд Къоста ацыд [[Лабæ (хъæу)|Лабæмӕ]], йӕ фыды хӕдзармӕ, ӕмӕ дзы фӕцис дыууӕ азы. 1893-ӕм азы Къоста ацыд Стъараполмӕ ӕмӕ дзы газет «Цӕгат Кавказы» кусын байдыдта. 1895-æм азы «Цæгат Кавказы» рацыд йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд.
 
== Цыртдзæвæнтæ æмæ номарæнтæ ==
Строка 39 ⟶ 40 :
== Фиппаинæгтæ ==
{{фиппаинæгтæ}}
 
{{къæртт-ирон}}
 
[[Категори:Ирон поэттæ]]