Æххуыс:Фыссын: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Bouron (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «Википедийы алкæмæндæр йæ бон у фыссын, фæлæ ирон æвзагыл фыссыны фадæттæ а…»
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 08:48, 27 апрелы 2013

Википедийы алкæмæндæр йæ бон у фыссын, фæлæ ирон æвзагыл фыссыны фадæттæ алкæмæн нæй. Ацы фарс дын баххуыс кæндзæн ацы викийы ирон æвзагыл фыссын.

Цыфæнды æвзагыл фыссынæн уал фыццаг хъæуынц фыссыны уавæртæ. Кæд дæ клавиатурæ нæ кусы, уæд дын ацы фарс ницæмæй баххуыс уыдзæн.

Уавæртæ

Дæ ирон æвзагыл фыссыны уавæртæ гæнæн ис уой ахæмтæ:

  • Дæ системæйы ирон клавиатурæйы равæрд нырид ис.
  • Дæ системæйы ирон клавиатурæйы равæрд нæй, фæлæ дзы уырыссаг ис.
  • Дæ системæйы нæдæр уырыссаг нæдæр ирон равæрд ис.
  • Дæ клавиатурæйыл ирон дамгъæтæ ныв нæй, æмæ йæ нæ зоныс кæцы сæ кæцы у.

Ацы уавæртæн дæлдæр æххуысы хæйттæ ис.

Йæ системæйы ирон равæрд кæмæн ис, уымæн

Кæд дын дæ системæйы ирон равæрд ис, уæд ма дын хъæуы сбæрæг кæнын цавæр Æ фыссы дæ равæрд. Кæд æмæ ирон алфавиты дыггаг дамгъæ кириллон Æ у, уæд Википедийы латинаг Æ-йæ пайда кæныныл дзырд сты. Афтæ уымæн бадзырдтой, æмæ кириллон Æ бирæ шрифтыты нæ уыдис.

Латинаг Æ шрифты фылдæр æмбары, æмæ дын кæд латинаг Æ фыссы, уæд дæ бон у сæрибарæй ивай Википеди, æрмæст ын йе ’гъдæуттæ æххæст кæн. Кæд та дын кириллон Æ фыссы, уæддæр дæ бон у Википеди ивай, фæлæ дæ зæрдыл дар уый, æмæ ды цы ныффыссай, уый кæмæндæр зын уыдзæн фæрсын, уымæн æмæ Æ-йы бæсты цыппаркъуымон уындзæн, æмæ дын æндæр архайджытæ дæ кириллон Æ латинагмæ ивдзысты. Ды тынг фенцон кæндзынæ иннæ архайджыты куыст, кæд латинаг Æ-йæ байдайай фыссын. Латинаг Æ фыссын тыххæй нæу, уымæн æмæ кириллон Æ ирон алфавиты Æ у, фæлæ кæд хизыс латинаг Æ-мæ, уæд дæлдæр ис сæрмагонд хай.

Куыд хъæуы латинаг Æ-мæ рахизын

Кæд Windows-ыл дæ æмæ дæ равæрд кириллон Æ фыссы, уæд дын хъæуы ног равæрд сæвæрын, кæцы латинаг Æ фысса. Ахæм равæрд дæ бон у равгæнын ironau.ru-йæ.

Кæд Linux-ы дистрибутивыл дæ, уæд дын хъæудзæн дæ равæрды кириллон Æ-йы кодтæ латинаг Æ-йы кодтæм раивын.

Куыд хъæуы базонын латинаг Æ фыссы равæрд, æви кириллон

Уый тыххæй ис бирæ фадæттæ. Дæ бон у Википедийы агурæны бæх бацагурын. Кæд дæ бæхы фарсмæ арвита, уæд дæ Æ латинаг у, кæннæд кириллон.

Йæ системæйы ирон равæрд кæмæн нæй, фæлæ уырыссаг кæмæн ис, уымæн

Йæ системæйы нæдæр уырыссаг нæдæр ирон равæрд кæмæн ис, уымæн

Йæ клавиатурæйыл ирон дамгъæты ныв кæмæн нæй, уымæн