Хетæгкаты Къоста: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Bouron (ныхас | бавæрд)
Bouron (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 13:
 
1881-æм азы Къоста бацыд [[Бетъырбух]]ы Аивадон Академимæ. Уый йæ фыды фæндтæм нæ хауд, уымæн æмæ йæ фыды фæндыд цæмæй Къоста куыстаит [[Уæрæсейы Импери|Уæрæсейы]] хицауады. 1883-æм азы йын йæ стипенди æрлæууын кодтой, æмæ уый тыххæй цæрыны фæзæзтæ фесафгæйæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ рыздæхд. Дзæуджыхъæуы Къоста æхсæнадон царды активон хайад иста æмæ куыста цалдæр газетимæ. Сæрды-иу хæхтæм ацыд, æмæ иу ирон царды тыххæй фылдæр базыдта. Уæды рæстæджы Къоста ныффыста бирæ ирон æмдзæвгæтæ, кæдон тагъд апарахат сты ирон адæмы ’хсæн, уæлдайдæр ахуыргæнинæгты æмæ интеллигенцийы.
 
Къостайы царды ахсджиаг бынат бацахста 1889-æм азы [[Пятигорск]]ы [[Лермонтов]]ы монумент æвæрыны цау. Уæд Къостайы нæ бауагътой йе ’мдзæвгæтæ кæронмæ бафæрсын.
 
=== Фыццаг æрвыст æмæ низ ===
1891-æм азы июны Къоста йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд Ирыстонæй.[[Терчы Уæдоблæст]]æй. Къоста ацыд [[Лабæ (хъæу)|Лабæмæ]], йæ фыды хæдзармæ, æмæ дзы фæцис дыууæ азы. 1893-æм азы Къоста ацыд Стъараполмæ æмæ дзы газет «Цæгат Кавказы» кусын байдыдта. Уым фæкуыста 1897-æм азы онг, æмæ уыцы рæстæджы йæ ном тынг ахъæр ис. 1895-æм азы «Цæгат Кавказы» рацыд йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд. Стъараполы уæвгæйæ Къоста туберкулезæй фæрынчын ис. Уый тыххæй йын сарæзтой дыууæ операцы, фæлæ йæ низ не ’рлæууыд. Дыггаг операц æрцыд Бетъырбухы, æмæ уый фæстæ æхсæз мæй уатæй нæ сыстад. 1898-æм азы рыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ низæн хос кæнын уым адардтæр кодта.
 
=== Дыггаг æрвыст ===