Бетховен, Людвиг ван: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 16:
Бетховенты фыдыфыд куы фæхъуыди, уæд бинонты уавæр фефзæрдæри. Людвигы бахъуыд йе скъола ныууадзын, фæлæ латинаг æвзаг базыдта, ахуыр кодта итайлаг, францаг æмæ ма бирæ чингуытæ дæр касти. Фæстæдæр, куы фæас ис, уæд йæ фыстæгты иуы раргом кодта:
«Нæй ахæм уацмыс, кæцы мын уыдаид фыр ахуыргонд; æппындæр мæхицæй зондджын равдисынмæ нæ фæнд кæнын, зæгъгæ, фæлæ-иу мæ гыццылæй фæстæмæ фæндыд алы дуджы хуыздæр æмæ куырыхондæр адæмы мидапп бамбарын».
Бетховены уарзондæр фыссæгтæ уыдысты раггрекъаг [[Гомер]] æмæ [[Плутарх]], англисаг драмæтург [[Шекспир]], гермайнаг поэттæ [[Гёте]] æмæ [[Шиллер]]].
Уыцы рæстæджы Людвиг райдыдта музикæ фыссын, фæлæ цæ мыхуыр кæнынмæ нæ тагъд кодта. Бонны цытæ сфæлдыста, уыдонæн сæ фылдæр дыккагæй рагуыст баййæфтой фæстæдæр.
Йæ лæппу-карæй ма баззади æртæ саби-сонатæтæ æмæ цалдæр зарæджы, семæ «Зæххы ‘хсæрæг».
1787 азы Венæмæ ныххæццæ ис Бетховен æмæ йын Моцарт йæ импровизаци куы фехъуыста, уæд дзы хъæрæй сивæрзти: «Йæхиуыл алкæйдæр сдзурын кæнын кæндзæн!», зæгъгæ.