Коцты Бега: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Нет описания правки
Рæнхъ 1:
[[Файл:Bega Kochiev.jpg|thumb|right|Хъотайты Григорийы ныв]]
'''Коцты Бега''' (? — [[1830-æм аз|1830]]ы [[27 июлы]] [[Хъола]]йы) — ирон адæмон хъæбатыр, [[ЧеселтЧеселтгом|Чеселты]]ы уырысы æфсады ныхмæ растады сæргълæуæг.
 
== Цардафыст ==
1830-æм азы сусæны мæйы, уырысы æфсад, инæлар [[Ренненкампф, Яковы фырт Павел|Реннекампфы]] разамындæй ныббыырста [[Хуссар ИрыстоныИрыстон]]ы Чеселты коммæЧеселтгоммæ. Уыцы ахъаззаг цæфæй хъуамæ ныммынæг уыдаид ирон адæмы сарибаруазаг зонд, хъуамæ басастаиккой паддзахы минæвæрттæн æмæ се’вæрдсе ’вæрд бынæттон хицауадæн. Бирæ хъæуты ирæттæ хъæбатырæй æрлæууыдысты æфсады ныхмæ. Тохы мидæг мæлæт ссарын кæддæриддæр уыд кадджындæр знагæн басæттынæй. Чеселты 30 лæджы, сæ сæргъы Коцты Бега, афтæмæй сæ фыдæлты мæсыгæй дыууæ боны дæргъы ураттой мин æмæ æрдæг æфсæддоны. Сæхиуыл дуæрттæ ныхгæттой æмæ хæстæг бацæуын никæйы уагътой. Ренненкампф куы бамбæрста, ницы сын у йæ бон бакæнын, уæд мæсыгыл бандзарын кодта. Ирæттæ уæддæр нæ састысты, сæ тох дарддæр кодтой, мæлæтыл разы уæвгæйæ.
 
Фæстагмæ, мæсыджы цар куы басыгъди æмæ куы ныккалди, уæд Бега æмæ ма ноджы фараст лæджы сæхи бæндæнтыл дæлæмæ рауагътой, хъаматимæ сæхи æфсæддонтыл андзæрстой. Фарасты дзы салдæттæ сæ джебогътыл хæрдмæ систой. Бега ма йæхицæн фæндаг бæргæ айгæрста, фæлæ фæстæдæр уый дæр æрцахстой. Иннæ тохгæнджытæ басыгъдысты мæсыгымæсыджы мидæг.
 
Цалдæр азы фæстæма æфсæддон историк [[Потто, Александры фырт Василий|В.Потто]] фыста: «Абон ма æрмæстдæр мæсыджы сыгъд къултæ бацамондзысты фæндаггонæн уыцы бынат, дæс æмæ ссæдз ирон лæджы спартайнаг фидардзинадимæ мин æмæ 'рдæг уырыссаг æвсæддоны ныхмæ кæм тох кодтой, уый».
 
[[Категори:Хуссар Ирыстоны чи райгуырдис, уыдон]]
[[Категори:Ирыстоны истори]]