Поло, Марко: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «'''Ма́рко По́ло''' (итал. Marco Polo; 15 сентябыр 1254 азы, Венеци — 8 январы 1324 азы, уый…»
 
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 2:
 
==Равзæрд==
Æнхъæлдæуы, æмæ Марко Поло райгуырди венециаг æлхæнæг Никъоло Полойы хæдзары. Бинонтæ кодтой [[зæрингуырд]]он æмæ хæлцхъацæнхæлцхъацæнты уæййаг. Маркойы райгуырды æвдисæнад кæй æрбайсæфт, йæ райгуырды фæткон верси гуырысхойаг сси XIX æнусы хорватаг иртасджытæй. Сæ ныхасмæ гæсгæ, Полоты бинонты фæзынд Венецийы хауы XIII æнусы дыккаг æмбисмæ, кæд æмæ, дам, суанг 1430 азмæ Полотæн уыди хæдзар [[Корчулæ]]йы, ныры [[Хорвати]]йы.
:Уымæй уæлдай ма, ис æнæнымад иртасджыты фылдæрæй верси, æмæ, Марко Поло уыди полаг. Йæ чиныджы фыццаг рауагъды раззаг сыфыл "поло" уыди гыццыл дамгъæйæ фыст æмæ амоны нацимæ, мыггæгмæ нæ, фæлæ. Мыггаг та дзы дæлдæр цыди. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ текс у иллустрацийы алывæрсты фыст, æмæ мыггаг, кæцы нæ цыди горизонталон рæнхъы номы цур, схызти вертикалоныл æмæ йæ уындмæ уадиссаг рахатæн нæ уыди, кæд æмæ стыр дамгъæйæ фыст уыди, уæддæр.
:Уый сбæлвырдгæнæн ис титулон сыфы къам фенгæйæ. Мæнæ йæ текст: "Das ist der edel Ritter. Marcho polo von Venedig..." - "Ай у уæздан хотыхдар. Марк полаг фон Венедиг". Æцæгæй дæр уыди ахæм бæлццон Бенедикт Полаг (Польшæйаг?). Полойы агъоммæ ма цыди Джованни Плано де Карпиниимæ Манголты империмæ æмæ ныууагъта цыбыргонд хроникæ "Кæстæр æфсымæрты балц тæтæрмæ".