Эрикссон, Лейф: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 6:
:Йæ Америкæмæ балцы размæ скодта уæййагон экспедици Норвегимæ. Ам Лейф саргъуыйын кодта йæхи Олæф Трюгвассонæн, Норвегийы паддзахæн æмæ киеваг къниаз Владимиры ивгъуыд хъан. Олафы фæзмынгæ, Лейф æрласта чырыстон алчеры Гренландимæ æмæ йæ саргъуыдта. Йæ мад æмæ бирæ гренландæгтæ райстой чырыстон дин, фæлæ йæ фыд, Сырхсæр Эрик, баззад фыдæлты диныл хæцтæй. Фæстæмæдзæугæйæ Лейф аирвæзын кодта науыхæлд иййæфт исландаг Ториры, æмæ йæ уый фæстæ схуыттой "Амондджын Лейф".
:Куы æрхæццæ ис, уæд Гренландийы сæмбæлди норвегаг [[Бйарни Херйолфссон]]ыл, кæцы йын радзырдта, кæй федта ныгуылæны дард денджызы мидæг зæххы кæронхæххытæ.
:Иу-1000-æм азы Лейс Эрикссон къордимæ 35 лæгæй, аленк кодта науыл, кæцы балхæдта Бйарнийæ. Гом дзы æрцыдысты америкæйæг донгæрæтты æртæ регионы: [[Хеллуланд]] (æвæццæгæн, [[Баффины ЗæххСакъадах]]), [[Марклæнд]] (хъуыдытæм гæсгæ - æрдæгсакъадах [[Лабрадор]]) æмæ [[Винланд]], сæнæфсир дзы парахатæй кæй зади, уый тыххæй (æвæццæгæн [[Ньюфаундленд]]ы былгæрæттæ уыдысты, нырыккон бынат [[Л'Анс-о-Медоуз]]-ы цур). Уым ма скодтой цалдæр хъæууаты, кæдоны æрзымæг кодтой.
:Куы та æрцыдис Гренландимæ, Лейф радта йæ нау йе 'фсымæр Торвалдмæ. Уый йын йæ бæсты хъуамæ ацыдаит Винланд иртасынмæ. Фæлæ йе 'кспедици æнæнтыст баййæфта: скандинавтæ сæмбæлдысты "скъралингтимæ" - цæгатамерикон знæмтимæ æмæ семæ тохы Торвалд фæмард.
:Исландаг таурæгътæм гæсгæ, Эрик æмæ Лейф куырмдзыд нæ кодтой балцы, фæлæ-иу бындурæвæрдæй ахæм æвдисæнты ныхæстыл, куыд Бйарни, кæцы федта æбæрæг зæххытæ горизонтыл. Уымæ гæсгæ, Америкæ 1000 азæй раздæр дæр уыдаит гом, фæлæ йæм æрмæст Лейф скодта æххæстаргъ экспедици Винланды донбылтыл, радта йын ном, æрхызти йæ былтæм æмæ ма йæ колонизацикæнынмæ дæр хъавыди. Лейф æмæ й' адæмы ныхæстæй, кæдон сты бындурон скандинавæг сагæтæн Сырхсæр Эрик æмæ гренландæгтыл, уыдысты нывгонд Винланды фыццаг картæтæ.