Мæргътæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «'''Мæргътæ, маргъ''' - рагъыстæгджын цæрæгойты хъармтуг айкæфтауæгты кълас, с…»
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 16:40, 15 июны 2014

Мæргътæ, маргъ - рагъыстæгджын цæрæгойты хъармтуг айкæфтауæгты кълас, сæ минæвæрттæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ сæ буар вæййы базыртæй конд æмæ сæ раззаг уæнгтæ сты ивд тæхыны фæрæзтæм - базыртæм (кæцы мæргъты хуызтæ нæ зонынц тæхын, уыдон сты æнæ райхæлгæ базыртæ). Фыццагæй дæр мæргъты буар уыди тæхынхъом арызт, фæлæ ныр ис бирæ æнæтæхæг мæргътæ. Ноджы ма иу хицæнгæнæн миниуæг у - бырынкъ (цъиубырынкъ). Зæххыл абоны онг ис 9792 алыхуызон мæргътæ (2007 азы рардтæм гæсгæ), Уæрæсейы сæ ис — 657 ахстонгæнæг хуызы, фæлæ иууыл-иумæ та дзы нысангонд сты 789 хуызы, се 'хсæн 125, кæдонæн с' ахстонгæнæн æвдыст нæу, æмæ 7 та быныскъуыд хуызы. Мæргътæ сты цыппарвадонты уæлкъласы æппæты æндæрхуызондæр группæ. Мæргътæ бынат кæнынц Зæххы къорийы алы экосистемæйы дæр Арктикæйæ Антарктикæмæ. Зонад, кæцы иртасы мæргъты æмæ цъиуты хуыйны орнитологи.

Этииологи

Ныхас цæуы ирайнаг *mrga-мæ, нысан кæны "маргъ". Абар. перс. murγ, (диал.) marγ "маргъ", пехл. murγ "маргъ"; перс. murγābī, курд. mirāwī "бабыз" (доны маргъ), бел. murg, murγ; афгъ. marγa marγə "маргъ", пам.сгл. mərγōk, marγōk "сырддонцъиу".