Андтæ: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
чНет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 37:
Андтæ — æндидзын конд хæхтæ сты, амад æрцыдысты ног уæлæмæ сыстытæй ''Анды (Кордильеры) дагъ геосинклиналон рон''-ы бынаты; Андтæ сты дунейы тæккæ егъаудæр альпон дагъджын системæтæй иу (палеозойон æмæ иуырдыгæй байкалаг дагъджын бындурыл). Андты сарæзтаты райдайæн хауы [[юры период|юраг рæстæгмæ]]. Анды хæххон системæйæн характерон сты [[триас]]ы рæстæджы цы [[трог]]тæ фæзындис уыдон, фæстæдæр байдзаг сты баддзæг æмæ вулканон породæты сывæлдæгтæй. Сæйраг Кордильерæйы егъау массивтæ æмæ [[Чили]]йы былгæрæттæ, Донбыл Кордильерæтæ [[Перу]]йы фæлгондзынц сæхицæй гранитоидон интрузитæ, [[мелон период]]ы кары сты. Æхсæнхæххон æмæ былон къæдзтæ ([[Альтиплано]], [[Маракайбо]] æмæ а.д.) сæвзæрыдысты [[палеоген]]ы æмæ [[неоген]]ы рæстæджы. Тектоникон змæлдтæ цæуынц суанг мах дуджы дæр. Уый уымæн афтæ уайы æмæ Хуссар Америкæйы сабырфурдон донбылты цæуы [[субдукцийы зонæ]]: Къæйтæ [[Наскон къæй|Наскæ]] æмæ [[Антарктикон къæй|Антарктикон]] бацыдысты [[Хуссар-Америкаг къæй]]ы бынмæ, уый та ахъаз кæны [[хохæвзæрæн]] процесстæн. Хуссар Америкæйы кæройнаг хуссайраг хай, [[Артон зæхх]], [[трансформон асаст]]æй хицæнгонд у къаннæг [[Скотийы къæй]]йæ. [[Дрейкы æрбакæлæн]]ы фæстæ Андты дарддæр кæнынц [[Антарктикон æрдæгсакъадах]]ы хæхтæ.
 
Андтæ хъæздыг сты сæйрагдæр хуызджын згъæрты æрзæдтæй, ис дзы [[ванадий]], [[вольфрам]], [[висмут]], [[къала]], [[зды]], [[молибден]], [[цинк]], [[мышьяк]], [[сурьма]] æмæ а.д. Сæ гуырæн бынæттæ баст сты сæйрагдæр скæсæн Андты палеозойон структурæтæм æмæ рагон вулканты хъуыртæм; Чилийы территорийы - дынджыр [[æрхуы]]йы гуырæн бынæттæ. Ис [[нефть]] æмæ [[æрдзон газ]] (Андты хохрæбынты [[Венесуэлæ]]йы, [[Перу]]йы, [[Боливи]]йы, [[Аргентинæ]]йы). Андты ма ис [[æфсæнæрзæт|æфсæйнаджы]] гуырæн бынæттæ ([[Боливи]]йы), [[натрийы селитрæ]]йы (Чилийы), [[сыгъзæрин]], [[платинæ]] æмæ [[изумруд]]ты гуырæн бынæттæ ([[Колумби]]йы).
 
Андтæ арæзт сты сæйрагдæр меридианон паралелон рæгътæй: Скæсæны Андты Кордильерæтæ, Централон Андты Кордильерæтæ, Ныгуылæн Андты Кордильерæтæ, Донбылон Андты Кордильерæтæ, сæ астæуты æвæрд æрцыдысты мидæггаг уæлвæзтæ æмæ платотæ (Пуна, Альтипано — [[Боливи]]йы æмæ [[Перу]]йы) кæнæ æххæлтæ<ref>Бæлвырдæй ныхас «Кордильерæ» цæуы испайнаг ''cordillera'' — «хæххон рагъ»-æй</ref>. Хæххон системæйы уæрæх у рæстæмбис бæрæггæнæнтæм гæсгæ 200–300 км.
Рæнхъ 247:
5° æмæ 28° х.у. астæу фиппайд цæуы ирд æргомгонд ассиметри дæлдзырæтты уæрсты — фæхстыл; ныгуылæйнаг фæхстæ бирæ цауддæр уымæлгонд цæуынц скæсæйнæгтæй. Сæйраг Кордильерæйæ ныгуылæнырдæм — æдзæрæг тропикон арвыхæд (йе сфæлдыстæн дзæвгар ахъаз кæны уазал [[Перуйы гуылфæн]]), цæугæдæттæ бирæ не сты. Кæд Цæнтралон Андты цæгатаг хайы æруары 200-250 мм дæлдзырæттæ азмæ, уæд хуссары ’рдыгæй та сæ бæрц фæкъаддæр вæййы æмæ ранæй-рæтты азмæ 50 мм нæ фæуæлдæр вæййы. Андты ацы хайы йæхи айтыгъта [[Атакамæ]] — зæххы къорийы тæккæ хусдæр [[æдзæрæгран]]. Æдзæрæгрæттæ кæмдæрты схизынц уæлæмæ 3000 м уæлдæр дæнджызы æмвæзадæй. Цыбырнымæцон [[оазис]]тæ æвæрд сты сæйрагдæр къаннæг цæугæдæтты кæмтты, ацы дæттæ сæхи æфсадынц хæххон цъититæй. Æхсæнянварон температурæ донбылон районты æнкъуысы 24&nbsp;°C-æй цæгаты 19&nbsp;°C-мæ хуссары, æхсæниюлон — 19&nbsp;°C-æй цæгаты 13&nbsp;°C-мæ хуссары. 3000 м уæлдæр [[Хус Пуна]]йы гыццыл дæлдзырæттæ (стæм хатт азмæ 250 мм фылдæр); бæрæггонд цæуынц уазал дымгæты æрбафтыдтæ, уæд температурæйы бон у æрхауын −20&nbsp;°C онг. Июлы рæстæмбис температурæ 15&nbsp;°C сæрты нæ хизы.
 
Гыццыл бæрзæндтыл, тынг къаннæг къæвдаты бæрцимæ, уæддæр бæрæггонд цæуы дзæвгар уæлдæфы уымæлдзинад (80 % онг), уымæ гæсгæ арæх сты [[мигъ]] æмæ [[æртæх]]. [[Альтиплано]] æмæ [[Пуна]]йы платотыл — тынг тызмæг арвыхъæд, æхсæназон температурæтæ 10&nbsp;°C сæрты нæ хизынц. Егъау цад [[Титикакæ]] фæлмæнгæнæн архайд дæтты æмбаст территориты арвыхъæдæн, цады цур районты температурæйы æнкъуыстытæ афтæ тынг нæ зынынц. Сæйраг Кордильерæйы скæсæнырдæм стыр дæлдзырæтты нымæц (3000 - 6000 мм азмæ, сæйрагдæр сæ рбахæссынц сæрдыгон скæсæйнаг дымгæтæ), бæзджын цæугæдæтты системæ. Кæмтты уæлдæфон массæтæ [[Атлантикон фурд]]æй цæхгæрмæ ахизынц Скæсæны Кордильерæ æмæ уымæл кæнынц йæ ныгуылæйнаг фахс дæр. Цæгаты 6000 м хуссары та 5000 м уæлдæр — афæдзы дæргъы рæстæмбис æппæрццæг температурæтæ; хус арвыхъæды тыххæй цъититы нымæц бирæ нæу.
 
=== Хуссары Андтæ ===
Рæнхъ 253:
[[Файл:TDFNP-SendaCostera.jpg|thumb|left|300px|Арты зæххы былгæрæттыл]]
 
Хуссармæ змæлгæйæ ныгуылæйнаг фæхсты субтропикон арвыхъæд лæгъз ахизы ромыл уæрхæды фурдон арвыхъæдмæ: фæфылдæр вæййынц дæлдзырæтты азон суммæтæ, фæкъаддæр вæййынц хицæндзинæдтæ уымæлдзинады сæзонтæм гæсгæ. тыхджын ныгуылæйнаг уадтæ æрбахæссынц былгæрæттæм бирæнымæцон дæлдзырæттæ (2000-3000 мм арæх 6000 мм онг азмæ). Азы 200 бонæй фылдæр цæуынц тыхджын уарынтæ, донбылтыл æрбады бæзджын мигъ, денджызы æдзухдæр карз уад; арвыхъæд цæрынмæ нæ бæззы. Скæсæйнаг фæхстæ (28° æмæ 38° х.у.) хусгонддæр сты ныгуылæйнæгтæй. Тæккæ хъармдæр мæйы æхсæйнаг температурæ ныгуылæйнаг фæхстыл у афтиддæр 10—15&nbsp;°C, тæккæ уазалдæр 3—7&nbsp;°C.
 
Андты кæройнаг хуссайраг хайы, [[Артон зæхх]]ы, — тынг уымæл арвыхъæд, сфæлдисынц æй тыхджын ныгуылæйнаг æмæ хуссар-ныгуылæйнаг дымгæтæ; дæлдзырæттæ (3000 мм онг) æруарынц [[сæлфынæг|сæлфынæджы]] хуызы (фæцæуынц азы бæтты фылдæр хайы). Афтиддæр архипеладжы кæройнаг скæсæйнаг хайы дæлдзырæттæ дзæвгар къаддæр сты. Азы дæргъы лæууынц ныллæг температурæтæ.
Рæнхъ 261:
Андты мæрон-зайæгойон æмбæрзæн тынг алыхуызон у. Афтæ уайы уый тыххæй, æмæ хæхтæ алыхуызон сты бæрзæндмæ гæсгæ, стæй дзæвгар хицæндзинæдтæ ис ныгуылæйнаг æмæ скæсæйнаг фæхсты уымæлдзинады. Уæлбæрзонды тæлмад ({{lang-ru|высотная поясность}}) Андты дырысæй æргомгонд у. Рахицæн кæнынц æртæ уæлбæрзонды тæлмы — Тьеррæ Кальенте, Тьеррæ Фриæ æмæ Тьеррæ Эльядæ.
 
[[Карибы Андтæ|Венесуэлæйы Андты]] зайынц сæ сыфтæ кæмæн æрызгъæлынц зымæгон хусрæстæджы, ахæм хъæдтæ æмæ къутæрджынтæ, æрбынат кодтой [[сырхмæр]]тыл. Дымгæйы сæр чи аззайы, уыцы фæхсты дæллаг хæйттæ Цæгат-Ныгуылæны Андтæй Централон Андтæм æмбæрзт сты уымæл экваториалон æмæ тропикон хъæдтæй [[латеритон мæр]]тыл (хæххон [[гилейæ]]), уыимæ ма дзы æмбæлынц хæццæ хъæдтæ æнусцъæх æмæ сыфтæрджын бæлæстæй. Æддаг бакастæй экваториалон хъæдтæ ницæмæй хицæн кæнынц сæ хæстæджытæй континенты дæлвæзон хайы; характерон сты алыхуызон [[пальмæ]]тæ, [[фикус]]тæ, [[банан]]тæ, [[какао]]йы бæлæстæ æмæ а.д. Уæлдæр (2500–3000 м бæрзæндтæм) зайæгойты фæлгонц ивы; арæх сты [[хурхъæз]], [[бæласхуыз цил]], къутæрджын [[кокæ]] (у [[кокаин]]ы равзæрæн), [[хинны бæлас]]. 3000 м æмæ 3800 м астæу — уæлхæххон гилейæ, дæлæмæдзыд бæлæстæ æмæ къутæртимæ; парахат сты [[эпифит]] æмæ [[лианæ]], хурхъæз, бæласхуыз цил, [[æнусцъæх тулдз]], [[миртонтæ]], [[вересконтæ]]. Уæлдæр — фылдæр [[ксерофит]]он зайæгойтæ, [[парамос]]; [[хъуына]]йæ цъыфдзæстытæ тъæпæн хæйттыл æмæ æдзæрæг дурджын тыгъдæдтæ уырдыг фæхстыл. 4500 м уæлдæр - æнусон миты æмæ ихы рон.
 
Хуссардæр, субтропикон чилиаг Андты — æнусцъæх къутæртæ [[морæмæр]]тыл. Дæргъмæ дæлвæзыл мæртæ сæ скондмæ зæрдыл æфтауынц [[саумæр]]тæ. Уæлхæххон платоты зайæгойтæ: цæгаты хæххон экватериалон фæзтæ [[парамос]], Перуйы Андты æмæ Пунайы скæсæны - хус уæлхохон-тропикон тыгъдбыдыртæ [[халка]], Пунайы ныгуылæны æмæ нæхъæн сабырфурдон ныгуылæны 5—28° астæу — æдзæрæграны зайæгойты типтæ (æдзæрæгран Атакамайы — суккулентон зайæгхалтæ æмæ [[кактус]]тæ). Бирæ уæлцæрттæ [[цъæхдзаст|цæхджын сты]], уый хъыгдары зайæгойты; ахæм хæйтты æмбæлынц сæйрагдæр [[скъæлдзой]] æмæ [[æхсад хал]]. 3000 м уæлдæр (денцонæй 4500 м) - æрдæгæдзæрон ({{lang-ru|полупустынная}}) зайæгойтæ, хонынц æй [[хус пуна]]; зайынц бындзыд къутæртæ ([[толой]]), [[зайæгхал]]тæ ([[хæмыцырихи]], [[вейник]]), [[хъуынабын]]тæ, [[кактус]]тæ. Скæсæны ’рдæм Сæйраг Кордильерæй уары фылдæр дæлдзырæттæ, — тыгъдбыдырон зайæгойæ ([[пуна]]) бирæнымæцон зайæгхалтæ ([[типчак]], скъæлдзой, вейник) æмæ базхуыз къутæртæ. Скæсæны Кордильерæйы уымæл фæхстыл тропикон хъæдтæ пальмæтæ, хиннон бæлас) цæуынц 1500 м, 3000 м хæццæ кæнынц дæлæмæдзыд анусцъæх хъæдтæ, уæлиуæгдзинад дзы кæнынц [[хурхъæз]], [[цил]]тæ, [[лианæ]]тæ; стыр бæрзæндтыл — уæлхохон тыгъдбыдыртæ. Андты уæлхохты типикон цæрæг у [[полилепис]] — зайæгой [[уардихуызтæ|уардихуызæтты]] ({{lang-ru|розоцветные}}) бинонтæй, хæлиугонд у [[Колумби]]йы, [[Боливи]]йы, [[Перу]]йы, [[Эквадор]]ы æмæ [[Чили]]йы; ацы бæлæстæ æмбæлынц 4500 м бæрзондыл дæр.
 
Чилийы астæуккаг хайы хъæдтæ дзæвгарæй сæфт æрцыдысты; кæддæр хъæдтæ уæлæмæ цыдысты Сæйраг Кордильерæйыл 2500-3000 м бæрзæндмæ фæлæ ныр хæхты фæхстæ сыгом сты. Ныр хъæдтæ æмбæлынц афтиддæр хицæн къохты хуызæн ([[нæзыбæлас]]ы, [[араукари]]йы, [[эвкалипт]]ы, [[тæрс]]ы æмæ [[платан]]ы, хъæдбыны — [[дрок]] æмæ [[сургæнæн (зайæгой)|сургæнæн]]).
[[Файл:Araucaria columnaris1.jpg|thumb|250px|[[Араукари]]]]
 
Патагонийы Андты фæхстыл 38° х.у. хуссардæр - субарктикон бирæярусон хъæдтæ, бæрзондхъæд бæлæстæй æмæ къутæртæй, фылдæр æнусцъæхтæй, [[тарбур хæххон мæр]]тыл, хъæдты бирæ хъуынатæ, цилтæ æмæ лианæтæ; 42° х.у. хуссардæр - хæццæ хъæдтæ (42° х.у. районы ис араукарион хъæдты массив). Зайынц [[тæрс]] æмæ [[магноли]], бæласхуыз цилтæ, бæрзондхъæд [[хихджын]]тæ, хурхъæз. Патагонийы Андты скæсæйнаг фæхстыл - сæйрагдæр тæрсæй хъæдтæ. Тæккæ кæройнагдæр хуссары та — [[тундрæ|тундрон]] зайæгойтæ.
 
Андты кæройнаг хуссайраг хайы, [[Артон зæхх]]ы, хъæдтæ (зæгъæм сыфтæрджынтæ æмæ æнусцъæхтæ, хуссары тæрстæ æмæ [[канело]]) ахсынц афтиддæр нарæг донбылон уадздзаг ныгуылæны; хъæдты арæнтæй уæлдæр зæгъæн ис уайтагъд райдайы миты рон. Скæсæны æмæ ранæй-рæтты ныгуылæны, ахæлиу сты субантарктикон хæххон фæзтæ æмæ торфджынтæ.
Рæнхъ 293:
 
=== Индустри ===
Адты хæдзарады егъаудæр фадыгтæй - хæххон амалгæнæн индустри. Куыст цæуы [[æрхуы]]йы гуырæн бынæтты ([[Чили]]йы), [[æфсæйнаг|æфсæйнаджы]] ([[Боливи]]йы), [[сыгъзæрин]]ы ([[Колумби]]йы æмæ æнд.) [[изумруд]]ты ([[Колумби]]йы), [[вольфрам]]ы, [[къала]]йы, [[æвзист]]ы, [[нефт]]ы (кæронон æркъæдзты æмæ хохастæуон къуырфты [[Аргентинæ]]йы, [[Боливи]]йы, [[Венесуэлæ]]йы, [[Перу]]йы æмæ æнд.). Кæс ноджы хай «Геологион арæзт æмæ уæлцъары конд».
 
=== Хъæууон хæдзарад ===