Сиддхартха Гаутама: различия между версиями

Содержимое удалено Содержимое добавлено
Legobot (ныхас | бавæрд)
ч Бот схафта 3 æвзагы æрвитæны, кæцытæ Викирардты нырид сты ацы фарсы: d:q9441
IBuzn (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Рæнхъ 33:
 
Уæд расидтис — æххæст кæй райхъал, кæй бамбæрста адæймаджы тухиты æмæ удхорты аххос æмæ цы хъæуы уый аиуварсгæныныл. Уыцы æнкъарæн раргом кодта «[[Цыппар уæздан æцæгдзинады]]». Иууылбæрзонддæр райхъалдзинад, цыфæнды фæлдисондæн йæ бон кæмæ у бахæццæ уын, хуыйны ниббана ([[пали]]; [[нирванæ]] — [[санскрит]]).
Куы йыл цыдис 80 азы, уæд сфæнд кодта дунейæ ацæуын. Бахордта йæ фæстаг хойраг, снывонд йынын æй кодта куырд Чунда, æмæ йæхи æвзæр хатын райдыдта. Йæ фæдонтæй ма иу хатт бæлвырд базыдта, йæ ахуырад раст æмбæрст æмæ хъахъхъæд кæй æрцæудзæн æмæ майы цæлхдзаг мæйы амардис. Йæ фæстаг ныхæстæ уыдысты: «Хæйттæй амад уыцы у, уый æрбайсæфы. Æнувыд ут!»
 
Буддæ Гаутама æгъдаумæ гæсгæ уыдис кремацигонд, басыгъды фæстæ цы æртхутæг баззадис, уый дих æрцыдис аст хайыл, хæйттæ бавæрдтой аст сæрмагонд арæзт фæхты бын.
 
== Царды хронологи ==
Сæйрагдæр амонæн Буддæйы царды рæстæджы тыххæй у буддистон император [[Ашокæ]]йы паддзахиуæджы райдайæн. Ашокæйы эдиктты бындурыл æмæ иуæмæ‐иу минæвæртты кæмæ арвыста, уыцы эллинаг паддзæхты паддзахиуæджы рæстæгмæ гæсгæ, ахуыргæндтæ датæ æвæрынц Ашокæйы хицауиуæг 268 аз нæ эрæйы агъоммæ. Палийаг равзæрæнтæ дзурынц Буддæ фæмард ацы хабарæй 218 аз раздæр. Иууылдæр равзæрæнтæ дзурынц Буддæ амард цыппар æмæ ссæдзаздзыдæй, æмæ уыдæттæм гæсгæ рауад датæ 566-486 азты нæ эрæйы агъоммæ. Уый у «даргъ хронологи» (long chronology) кæй хонынц, уый. Альтернативон «цыбыр хронологийы» (short chronology) бындур сты [[санскрит]]аг равзæрæнтæ цæгат-индиаг буддизмы Скæсæн Азийы чи баззадис. Ацы вæрсимæверсимæ гæсгæ Буддæ амардис 100 азы раздæр Ашокæйы паддзахадиуæджы размæ, æмæ уый дæтты ахæм датæ: 448—368 азтæ нæ эрæйы агъоммæ. Уыимæ иуæй-иу скæсæйнаг традициты Буддæйы мæлæты датæйыл нымайынц 949, иликæнæ 878 аз нæ эрæйы агъоммæ, Тибеты та — 881 аз нæ эрæйы агъоммæ.
 
[[Радиоæвзалыгуыр анализ]] æвдисы, иуæй-иу цæрæнрæттæ, Буддæ кæй бабæрæг кодта [[Трипитака|Палийаг канонмæ]] гæсгæ, нæ уыдысты нырма арæзт, адæм дзы нæма æрцардысты 500 азмæ мах æнусы рахм (±100 летазы) æмæ уый дызæрдыгыл æфтауы датæ 486 аз нæ эрæйы агъоммæ. Уый йæдтæмæедтæмæ ма цы информаци йы [[джайнизм]]ы историйыл дзуры Буддæ æмæ [[Махавира]], джайнты раздзог, дыууæйæ дæр амардысты 410 æмæ 390 азты астæу.
 
== Буддæйы зонды ныхæстæй ==